Йæ телеграм-каналы фыццаг вице-премьер Атарты Георгий куыд фехъусын кодта, афтæмæй, Зæронд Бæтæхъойæ Хурыхъæуы онг уаццагыл фæндаггон кусджытæ 10-20 метры арфæн сæвæрдтой сæрмагонд цæджындзтæ
Быцæугæнæн къулты 600 метры онг арæзт цæуынц автомобилон фæндаг «Кавказ» – Хурыхъæу – Малгобек – Мæздæгыл». Йæ телеграм-каналы фыццаг вице-премьер Атарты Георгий куыд фехъусын кодта, афтæмæй, Зæронд Бæтæхъойæ Хурыхъæуы онг уаццагыл фæндаггон кусджытæ 10-20 метры арфæн сæвæрдтой сæрмагонд цæджындзтæ. Ахæм технологийы фæрцы арæзт цæуы бæстон æмæ фидар бындур. Хæстæгдæр рæстæг специалисттæ райдайдзысты фæндаджы фæйнæфарс аразын. Сæвæрдзысты æфсæн-бетон къæйдуртæ æмæ асфальт. Куыстытæ цæуынц национ проект «Цардæн инфраструктурæ» æххæст кæнгæйæ, æмæ сæ нысан кæнынц ацы азы кæронмæ фæуын. 2026-æм азы райдайдзысты хæхты фæхстæ фидар кæнын, æмæ ламидæтты ныхмæ бырутæ æвæрын.




