филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

11:44 суббота, 21 сентября 2024
03 октября 2014, 11:00
Бюджетон закъонады ивддзинæдтæ кæй æрцыд, уымæ гæсгæ ацы аз йæ куысты фæткмæ ногдзинæдтæ бахаста Цæгат Ирыстоны финансон-бюджетон цæстдарды федералон службæ

Фараст мæйы куыд бацархайдтой, ууыл ныхас цыд сæрмагонд æмбырды. Ацы аз зынгæ фæкъаддæр ревизиты нымæц, уыдысты 43. Фарон та уыцы æмгъуыдмæ сарæзтой 97. Сбæрæг кодтой, бюджетон фæрæзтæй 40 миллиардмæ æввахс куыд хардзгонд æрцыдысты, уый.

74592
Бюджетон закъонады ивддзинæдтæ кæй æрцыд, уымæ гæсгæ ацы аз йæ куысты фæткмæ ногдзинæдтæ бахаста Цæгат Ирыстоны финансон-бюджетон цæстдарды федералон службæ. Фараст мæйы куыд бацархайдтой, ууыл ныхас цыд сæрмагонд æмбырды. Ацы аз зынгæ фæкъаддæр ревизиты нымæц, уыдысты 43. Фарон та уыцы æмгъуыдмæ сарæзтой 97. Сбæрæг кодтой, бюджетон фæрæзтæй 40 миллиардмæ æввахс куыд хардзгонд æрцыдысты, уый. Ревизитæ куыд равдыстой, афтæмæй 1 миллиард æмæ 400 милуан сомæй раст не спайда кодтой. 293 милуан сомæй фылдæр фæстæмæ раздæхтой бюджетмæ. Финансон-бюджетон цæстдарды территориалон управленийы разамонæг Баскаты Станислав куыд бафиппайдта, афтæмæй службæйы кусджытæй алкæйы архайд дæр хъуамæ арæзт уа уымæ, цæмæй бюджетон фæрæзтæ хардзгонд цæуой сæ нысанмæ гæсгæ æмæ бæлвырд пайда хæссой адæмæн, сæ царды уавæртæ хуыздæр кæнынæн. Уымæ гæсгæ алы ревизор дæр хъуамæ бæстон бæрæг кæна бюджетон æхца хардз кæныны хъуыддаг. Управленийы кусджытæн бæлвырд хæстæ æвæрд æрцыдысты афæдзы кæронмæ.

темæмæ гæсгæ
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania