Йæ режиссер у Богдан Петканин
Премьерæ Уырыссаг академион театры. Чеховы пьесæмæ гæсгæ æвæрд спектакль «Леший» федтой республикæйы театрдзаутæ. Йæ режиссер у Богдан Петканин. Уæвгæ, йæ куыстытæ Дзæуджыхъæуы аивадуарзджытæ фыццаг хатт нæ федтой. Цæмæй хицæн кæны ацы постановкæ, уый тыххæй радзурдзæн Касаты Наирæ.
Ацы юбилейон сезон уырыссаг театрæн рауади уæлдай æнтыстджындæр. Ныртæккæйы премьерæмæ дæр билеттæ уæйгонд æрцыдысты рагагъоммæ. Æмæ уый диссаг нæу. Сценæйы Антон Чеховы пьесæмæ гæсгæ вæрд комеди «Леший». Зындгонд фыссæг æмæ драматурджы пьесæтæм адæм æрæмбырд вæййы залы дзаг. Аивадуарзджытæн радтой уæлæмхасæн бандæттæ.
Пьесæйы æвдыст цæуынц, 60 аздзыд, мæгуыр профессор æмæ йе рыгон бинойнаг. Сæ авналæнтæ цыбыр кæй сты, уымæ гæсгæ сæ бон фатер балхæнын нæу, æмæ цæрынц профессоры 18 аздзыд чызгимæ, йæ фыццаг бинойнагæй. Гыццыл дарддæр та сæ цæрынц сæ хæлæрттæ æмæ хæстæджытæ. Се хсæн хъæуккаг дохтыр Михаил Хрущев, йæ фæсномыг Леший. Йæ зæрдæйы арфы ис иу æнкъарæн – профессоры усмæ уарзондзнад. Спектаклы адæмæн æвдыст цæуынц хъайтарты ахастдзинæдтæ. Иувæрсыг уарзондзинад, комкоммæ æнæуынондзинад, зæрдиаг хæлардзинад, хиуæттимæ хъæрмуд бастдзинад, хатгай та ныхмæлæуддзинад.
Республикæйы аивадуарзджытæ стыр аргъ кæнынц болгайраг режиссер Богдан Петканины сфæлдыстадæн. Декорацитæ гыццыл, фæлæ сценæйы бирæ змæлд æмæ арф хъуыдыимæ диалогтæ. Иу цыбыр сценæйы рæстæг театрдзаутæм сæвзæры алыхуызон æнкъарæнтæ, зæрдиагæй худгæ дæр фæкæнынц, стæй дзы хъайтарты хъысмæттыл тыхсгæйæ цæссыг дæр æркалынц. Ацы спектаклыл цæгатирыстойнаг актертæ афтæ хорз бакуыстой, æмæ йæ фенынмæ цæуынц суанг сыхаг регионтæй дæр.
Спекталы кæрон. Актертæ сæ сæртæй ныллæг æркуывтой, уыцы рæстæг, аивадуарзджыты къухæмдзæгъдæн кæрон нæй, цалдæр минуты актерты сценæйæ нæ уадзынц. Сæ хъуыдымæ гæсгæ, режиссер æххæстæй банкъардта хъайтарты удыхъæд æмæ сæ куыд гæнæн ис, афтæ ирдæй равдыста спектаклы. Æппæт ацы миниуджытæ Чеховы юморимæ куы баиу кæнай, уæд актуалон уыдзæни суанг 130 азы фæстæ дæр. Театрдзауты æфтаудзæн арф хъуыдытыл.
Театры аивадон разамонæг Владимир Уваровы ныхæстæм гæсгæ, Чеховы пьесæтæ æвæрын кæдфæндыдæр у тынг бæрнон куыст. Труппæйы куыст разынди тынг ахадгæ æмæ сæ размæ вæрд хæстæ сæххæст кодтой иттæг хорз. Уæвгæ афтæ зæгъæн ис, юбилейон сезоны æппæт спектакльтæй дæр.
Ныр та Уырыссаг театры сфæлдыстадон къорд цæттæ кæны стыр гастрольтæм. Куы ссæуой, уæд та райдайдзысты ног сезоныл кусын, цæмæй та ногæй барухс кæной сæ биразон театрдзауты зæрдæтæ.




