22 сентября 2023, 11:15
Черчесты Станиславы схорзæхджын кодтой орден «Адæмы хорзæх»-æй
Кадджын хæрзиуæг дзырддзæугæ спортсменæн радтой Национ музейы
Стыр спортмæ æгæрон æвæрæн кæй бахаста, уый тыххæй, Уæрæсейы зындгонд тренер футболæй Черчесты Станиславы схорзæхджын кодтой орден «Адæмы хорзæх»-æй. Кадджын хæрзиуæг дзырддзæугæ спортсменæн радтой Национ музейы. Орден «Адæмы хорзæх» сфидар кодтой 2019-æм азы, дунеон æхсæнадон змæлд Стыр Ныхасы фæндонæй. Йæ фæткмæ гæсгæ орден æмбæлы Ирыстоны раз стыр сгуыхтдзинæдтæ чи равдыста, уыцы адæмæн. Кандидатты та равзарынц æхсæнады æххуысæй. Раздæр орден «Адæмы хорзæх»-æй саккаг кодтой зындгонд дирижер Гергиты Валерийы, профессор Хъамболты Тамерланы, амалхъом адæймаг Мысыкаты Таймураз æмæ æндæрты.

темæмæ гæсгæ