филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

14:32 суббота, 21 сентября 2024
05 декабря 2012, 15:19
Черменыхъæуы 1-æм скъолайы байгом хъæуы историйы музей

Уырдæм æрбамбырд сты Чермены цæрджытæ, хъæуæй рацæугæ адæм.

Музейы æмбырдгонд æрцыд алыхуызон цымыдисаг æрмæг 1944-æм азæй нырмæ.

Уырдæм æрбамбырд сты Чермены цæрджытæ, хъæуæй рацæугæ адæм.

Музейы æмбырдгонд æрцыд алыхуызон
цымыдисаг æрмæг 1944-æм азæй нырмæ.

Фыдыбæстæйы Стыр хæсты цаутæ, хъæуы æрвылбоны цард, ис дзы, скъоладзаутæ
сæхæдæг кæй скодтой, ахæм экспонаттæ дæр. Историйы музейы хицæн бынат
ахсы 92-æм азы цаутимæ баст æрмæг. Ис дзы, уыцы æвирхъау быцæуы чи
фæмард, уыцы æфсæддонты æмæ бынæттон цæрджыты хуызистытæ. 1-æм скъолайы
ахуырдзаутæ сæ ахуыргæнджытимæ иумæ бацæттæ кодтой мысæн изæр дæр.
Кастысты æмдзæвгæтæ, номæй номмæ æрæмысыдысты 92-æм азы цауты чи фæмард,
уыцы фæсивæды – æдæппæтæй уыдысты 40 адæмаджы. Уыдоны рухс номыл
скъолайы ссыгътой мыдадзын цырæгътæ.

Æгкацаты Беллæ, Черменыхъæуы бынæттон
администрацийы сæргълæууæг: «Ацы хъæуы цы фæсивæд ис, уыдон æй хъуамæ
зоной, цы рцыди 92-æм азы, уый. Сæ зæрдæты ма хæстонæй ма хæссой, фæлæ
дзы скæной хатдзæгтæ, хæстæн уæвæн кæй нæй, уый, хæст цард кæй нæ хæссы,
уый у йæ мидис. Æмæ йыл бацархайдтой Черменыхъæуы скъолайы».

Елойты Зарæ, Черменыхъæуы 1-æм скъолайы
директор: «Нæ хъæуы ис инфраструктурæ: дуканитæ, скъола. Раздæр дзы
уыдис, курсанттæ кæм ахуыр кодтой, ахæм училищæ. Æмæ кæд нæ хъæуы кой
кæнæм, уæд уыдоны тыххæй дæр æнæ зæгъгæ нæй. Куы бакæсай стендтæм, уæд
дзы алкæй тыххæй дæр ис: клубы тыххæй, нæхи скъолайы хабæрттæ дæр дзы
ис, стæй дзы хæсты ветерантæн дæр ис стыр чиныг».

темæмæ гæсгæ
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania