24 октября 2012, 10:04
Черменыхъæуы контролон-уадзæн пункты знонæй фæстæмæ цæуынц цалцæггæнæн куыстытæ
Назранæй Дзæуджыхъæумæ фæндаг, раздæрау, у æхгæд. Æвæрд дзы æрцыд бронетехникæ. Кусджытæ цалцæг кæнынц посты бæстыхай, æмæ йын зилынц йæ алыварсмæ.
Назранæй Дзæуджыхъæумæ фæндаг, раздæрау,
у æхгæд. Æвæрд дзы æрцыд бронетехникæ. Кусджытæ цалцæг кæнынц посты
бæстыхай, æмæ йын зилынц йæ алыварсмæ. Майскийы æмæ Беслæнмæ фæндаг та у
гом. Алы машинæ дæр сгарынц лæмбынæг. Шофыртæн æмæ бæлццæттæн бæрæг
кæнынц сæ гæххæттытæ. Республикæйы Сæргълæууæг Мамсыраты Таймуразы æмæ
мидхъуыддæгты министр Артур Ахметхановы уынаффæмæ гæсгæ
барадхъахъхъæнджытæ рад хæссынц карздæр фæткмæ гæсгæ.

темæмæ гæсгæ