филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

01:05 среда, 15 мая 2024
21 февраля 2013, 17:30
Чиныг «Пепел Беслана» мыхуыры рацыд æртыккаг хатт

Йæ автор Баскаты Эльзæйæн æрæджы уый тыххæй радтой Хетæгкаты Къостайы номыл Сæрмагонд Паддзахадон преми. – Чиныг æхцайы æмæ премийы тыххæй фыст не `рцыд, – зæгъы Эльзæ.

Чиныг «Пепел Беслана» мыхуыры рацыд æртыккаг хатт. Йæ автор Баскаты Эльзæйæн æрæджы уый тыххæй радтой Хетæгкаты Къостайы номыл Сæрмагонд Паддзахадон преми. – Чиныг æхцайы æмæ премийы тыххæй фыст не `рцыд, – зæгъы Эльзæ. Стæй йæ автор канд йæхæдæг нæу. Сарæзта йæ, уыцы сау бонты лæгдзинад чи равдыста, уыдоны мысинæгтæй.

Мыхуыры рацыд, авд сæдæ сыфы кæм ис, ахæм ног чиныг. Баскаты Эльзæйæн уый канд авторон куыст нæу, фæлæ 4 азы æнæхуыссæг æхсæвтæ, стæй, Беслæны теракты чи бахауд, уыдонимæ ныхас. Сæдæ фæндзай зæрдæмæхъаргæ радзырды. Алкæцыйы дæр дзы хицæн бинонты мысинæгтæ.

Баскаты Эльзæ, чиныг «Пепел Беслана»-йы автор, Хетæгкаты Къостайы номыл Сæрмагонд паддзахадон премийы лауреат: «Уый бæрц рæстдзинад дзы ис. Цалынмæ уыцы уæлмæрд уа, уæдмæ уыцы адæмы ном рох нæ уыдзæн. Диссаг мæм фæкаст, бирæ азты скъолайы директорæй чи фæкуыста, Сабанты Тæтæрхъан, ууыл 90 азы цыди, фæлæ уæддæр хъæддых лæууыди. Æмæ йæм фыдгæнджытæ кастысты, æмæ йын бандон рахастой. Цалдæр хатты йын дон дæр æрбахастой. Уый иу хуыпп дæр не скодта, æмæ-иу æй сывæллæттæн радта. Иннæ хистæр Гуытъиаты Зауырбег. Уыд хæсты ветеран. Æмæ мæм диссаг фæкаст. Уал боны уыцы æвирхъау ран фæци, фæлæ йæ худ нæ фесæфта. Æмæ йын уый фæстæ интернеты йæ къам куы федтон, лæппутæ йæ куы рацæйкодтой, уæд йæ худ уыди йæ сæрыл. Уый, æвæццæгæн, æрмæст ирон адæймаг бамбардзæн».

Уæд дыууæ мины цыппæрæм азы Баскаты Эльзæйæн амынæты уыд йæ чызг Фатимæ дæр. Æмæ йæ йæхæдæг хорз зоны, рæстдзинад бахъахъхъæнын, цы бæллæх æрцыд, уый адæммæ фæхæццæ кæнын, куыд ахсджиаг уыд, уый.

Баскаты Эльзæ, чиныг «Пепел Беслана»-йы автор, Хетæгкаты Къостайы номыл Сæрмагонд паддзахадон премийы лауреат: «Иу зилгæйаг лæппу Хæблиатæй Батик йæ дзабыртыл хæцыди, нæ сæ суагъта. Æмæ йын чидæр афтæ, хъыгдаргæ дæр дæ нæ кæнынц,зæгъгæ, æрæвæр сæ. Æмæ, дам, мæ мад æфстау райста, æмæ дам мын куы фесæфой, зæгъгæ. Уыдæттæ хъуамæ рох ма уой, æрмæстдæр уый тыххæй фыстон ацы чиныг. Кæд мын бантыст, уæд хорз».

«Пепел Беслана» цыбыр рæстæгмæ уагъд æрцыд æртæ хатты. Фыццаг хатт рацыд мин экземплярæй. Уæд Баскаты Эльзæйæн радтой Хетæгкаты Къостайы номыл Сæрмагонд паддзахадон преми. Фæлæ йæхæдæг куыд зæгъы, афтæмæй уыцы хæрзиуæг у – уыцы залы æнусмæ чи баззади, уыдоны нæмттæ зæрдыл дарыны æмæ лæгдзинадæн аргъ кæныны æвдисæн. Чиныг мыхуыры кæй рацыд, уымæй бузныг у Беслæны мемориалон уæлмæрдмæ цæстдарæг Рæмонаты Хъасполатæй. Теракты фæмард йæ чызг, дæсæм къласы ахуырдзау. Æмæ чиныг рауадзынæн бацархайдта æхца ссарыныл. – Чиныг æхцайы æмæ премийы тыххæй фыст не `рцыд, – зæгъы Эльзæ. Стæй йæ автор канд йæхæдæг нæу. Фæлæ, уыцы сау бонты лæгдзинад чи равдыста, уыдон се ппæт дæр.

Фидараты Маринæ

темæмæ гæсгæ
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania