13 января 2026, 10:37
Чырыстон диныл хæст адæмæн дарддæр цæуынц Сыгъдæг бонтæ
Ацы рæстæг кад кæнынц Чырыстийы райгуырдæн
Чырыстон диныл хæст адæмæн дарддæр цæуынц Сыгъдæг бонтæ – уырыссагау «Святки». Ацы рæстæг кад кæнынц Чырыстийы райгуырдæн. Адæм фæкæнынц лæвæрттæ, афтæмæй кæрæдзийæн фæхай кæнынц се *хсызгондзинадæй æмæ зæрдæбын æнкъарæнтæй. Æгъдаумæ гæсгæ, хистæрæй кæстæрмæ, аргъæутты хъайтарты дарæс скæнгæйæ, фæзилынц хæдзæрттыл, фæдзурынц хъæлдзæг хабæрттæ. Ирыстоны цæрджытæ дæр ацы рæстæг арвитынц бæрæгбонау. Бацæттæ кæнынц фынгтæ, фæцæуынц уазæгуаты. Хъæлдзæг бонтæ фæвæййынц 19-æм январы Донскъæфæнтæй.




