филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

20:31 вторник, 17 марта 2026
27 апреля 2021, 15:07
Чырыстон диныл хæст адæмæн райдыдта хъизæмаргæнæн къуыри

Уый у комдарыны 6-æм къуыри æмæ вæййы куадзæны агъоммæ

Чырыстон диныл хæст адæмæн райдыдта хъизæмаргæнæн къуыри. Уый у комдарыны 6-æм къуыри æмæ вæййы куадзæны агъоммæ. Ацы бонты аргъуанты цæудзысты хуыцауы номыл службæтæ, диныл хæст адæм та комдарыны домæнтæ æххæст кæндзысты карздæр фæткæй. Хъизæмаргæнæн къуыри цæуын хъæуы аргъуанмæ æмæ тæригъæдтыл фæсмон кæнын æмæ хатыр курын. Уымæй уæлдай адæм æфснайынц сæ цæрæнуæттæ, ахорынц æйчытæ, фыцынц адджын гуылтæ — иудзырдæй сæхи цæттæ кæнынц бæрæгбæттæм. Ацы бонты нæй хи ирхæфсæн, чындзæхсæвтæ аразын, кæрæдзи æфхæрын. Хъизæмаргæнæн къуыри фæуыдзæнис 2-æм майы, куадзæны.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania