филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

17:26 воскресенье, 14 декабря 2025
10 января 2025, 10:35
Чырыстон диныл хæст адæмæн райдыдтой сыгъдæг бонтæ, хонынц сæ Святки

Ацы рæстæг ахæссы 18-æм январы онг

Чырыстон диныл хæст адæмæн райдыдтой сыгъдæг бонтæ, хонынц сæ Святки. Ацы рæстæг ахæссы 18-æм январы онг. Адæм кæрæдзийæн фæкæнынц лæвæрттæ, уыимæ æрмæст Цыппурсы бæрæгбоны кадæн нæ, фæлæ цæмæй адæймагæн æхсызгондзинад æрхæссой, уый тыххæй. Кæрæдзимæ фæцæуынц уазæгуаты, хъæлдзæгæйæ, зард æмæ кафтимæ фервитынц сæ рæстæг. Рагзамантæй фæстæмæ адæм æрæвæрынц хъæздыг фынгтæ, æрбахонынц сæ сыхæгты, хиуæтты, хæлæртты. Мадзæлттæ фæвæййынц 19-æм январы, уыцы бон ирон адæм хонынц Доныскъæфæнтæ.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania