Уый у уырнæг адæмы æппæтæй ахсджиагдæр бон. Цæгат Ирыстоны æппæт аргъуанты дæр ацыдысты бæрæгбоны службæтæ. Сæдæгай адæмтæ аргъуантæм хастой куадзæны символ – ахуырст æйчытæ æмæ адджын гуылтæ.
Георгий Уæлахизхæссæджы аргуаны Æмбисæхсæв дзæнгæрджыты хæрмæ уырнæг адæм скодтой Дзуæрттимæ цыд. Дины кусджытыл æрмæстдæр урс уæлæдарæс. Уый та ууыл дзурæг у, æмæ Чырыстийы амардыл хъыг кæнын нал хъæуы, адæм æнхъæлмæ кæсынц йæ райгасмæ, уый тыххæй фехъусын кæндзысты зæддæ. Дзуæрттимæ цыды сæйраг хъуыды та у Ирвæзынгæнæджы размæ фæндаг.
Сабатæй хуыцаубонмæ хсæв адæм аргъуанмæ хæстой ахуырст æйчытæ æмæ адджын гуылтæ, уым сæ бапырх кодтой аргъуыд донæй.
Георгий Уæлахизхæссæджы аргъуанмæ республикæйы алы рæттæй æрæмбырд мин адæймагæй фылдæр. Бæрæгбоны аргъуыд дзы скодта Дзæуджыхъæуккаг æмæ Алайнаг архиепископ Зосима.
Куадзæн алы уырнæг адæймагæн дæр у ахсджиаг бон. Алчидæр фæкувы, æмæ Хуыцауæй фæкуры хорздзинад.
Бонæй та – адæмон куадзæны армукъа. Дзæуджыхъæуккаг æмæ йæ Алайнаг епархи бацæттæ кодта нациты фарстаты фæдыл æмæ культурæйы министрадты, стæй горæты администрацийы æххуысæй.
Бæрæгбоны мадзæлттæ ацыдысты Георгий Уæлахизхæссæджы аргъуаны фæзы. Куыд алы аз, афтæ дзы ныр дæр архайдтой республикæйы национ-культурон æхсæнадты сфæлдыстадон къордтæ, лицейты æмæ аивæдты колледжы хъомылгæнинæгтæ. Артисттимæ сæ бон зарын æмæ кафын уыди, кæй фæндыд, уыдонæн се ппæтæн дæр.
Чырыстæттæн ныр у Куадзæны къуыри. Авд боны аргъуанты цæудзысты бæрæгбоны службæтæ. Аргъуанты дуæрттæ æнæхъæн къуыри уыдзысты гом. Уый та ууыл дзурæг у, æмæ Чырысти уырнæг адæмæн байгом кодта уæларвон дуæрттæ.
