филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

20:25 воскресенье, 01 февраля 2026
19 июля 2022, 17:20
Чысыл Адæты Даринæйы хъæуы стыр æххуыс

3-мæйдзыд чызгмæ дохтыртæ рабæрæг кодтой уæззау низ, уый йын нæ дæтты, æххæстæй цæрыны фадат

Чысыл Адæты Даринæйы хъæуы стыр æххуыс. 3-мæйдзыд чызгмæ дохтыртæ рабæрæг кодтой уæззау низ. Уый йын нæ дæтты, æххæстæй цæрыны фадат. Специалистты бон у сывæллонæн баххуыс кæнын. Фæлæ бинонтæм фаг фæрæзтæ нæй. Æххуысмæ сидынц адæммæ. Бæлвырддæр хабæрттæ радзурдзæн Хъайтмазты Дзерассæ.

Адæты Даринæйыл 3 мæйы йеддæмæ нæма цæуы, фæлæ ныридæгæн зоны, æххæст цардыл тох цы у, уый. Йæ райгуырды фæстæ чызгмæ рабæрæг кодтой сæры кæхцы деформаци.

Нейрохирург сæвæрдта уæззау низ.

Патологи тæссаг у, сæры кæхцы стджытæ кæй баиу сты, уый сæры магъзы куыст кæй къуылымпы кæны, уымæй. Сывæллон афойнадыл медицинон æххуыс куы нæ райса, уæд гæнæн ис, йæ алывæрсыг райрæзт фæцуддзæн. Уымæй дарддæр ма, низ фæзындзæн Даринæйæн йæ хъусæй хъусыныл æмæ цæстæй уыныныл дæр.

Дæгуйты Жаннæ, Адæты Даринæйы мад: «Дохтырмæ нæ арвыстой – нейрохирургмæ. Уый нæ уайтагъд Мæскуымæ арвыста операци кæнынмæ».
Дзæбæх кæныны иннæ къæпхæн – сæры кæхцы коррекци. Операцийы фæстæ цалдæр мæйы хъæуы сæрмагонд шлем дарын. Хæцы сæры анатомион формæйыл. Уый фæрцы рецидив нæ уыдзæн.

Сывæллоны дзæбæх кодтой квотæмæ гæсгæ Бурденкойы номыл нейрохирургийы медицинон центры. Специалисттæ хорз ныфсытæ æвæрынц. Ныртæккæ Даринæ цы шлем дары, уый бинонтæ сæхæдæг балхæдтой. Фæлæ йæ мæйы фæстæ хъæуы баивын. Квотæ дзæбæх кæныны ацы хайæн хæрдзтæ не *хгæны.

Дæгуйты Жаннæ, Адæты Даринæйы мад: «Дыууæ мæйы операцийы фæстæ хъуамæ иу худ дара, уый фæстæ та иннæ худ хъуамæ 4 мæйы дара. Сентябры ногæй цæуын хъæуы центр «Лицо ребенка»-мæ. Ног шлем кæнын нæ хъæуы».

Сывæллоны сдзæбæх кæнынæн хъæуы 201 мин сомы. Даринæйæн баххуыс кæнын ис цыбыр номер 5524-мæ смс-хъусынгæнинаг дзырд «Дети» æмæ цасфæнды фæрæзты бæрц дæр арвитгæйæ. Зæгъæм, ДЕТИ 100. Фæрæзтæ сисдзысты мобилон хыгъдæй. Айфонтæ æмæ андроиды платформæйы бындурыл цы телефонтæ кусынц, уыдоны хицæуттæн ис мобилон уæлæфтауæны спайда кæныны фадат. Æххуысы иннæ хуызтæ фенæн ис Русфонды сайты.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania