филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

17:58 суббота, 31 января 2026
15 марта 2022, 13:38
Чысыл амалхъомдзинады минæвæрттæ æмæ хицæн амалхъом адæмæн уыд фембæлд хъалонты управленийы службæй

Цæмæй бизнесæн фарсхæст лæвæрд æрцæуа, уый тыххæй сæ хъæуы æрæмбырд кæнын æппæт информаци амалхъом адæмы тасдзинæдты тыххæй

Чысыл амалхъомдзинады минæвæрттæ æмæ хицæн амалхъом адæмæн уыд фембæлд хъалонты управленийы службæйы. Цæмæй бизнесæн фарсхæст лæвæрд æрцæуа, уый тыххæй сæ хъæуы æрæмбырд кæнын æппæт информаци амалхъом адæмы тасдзинæдты тыххæй. Уымæ гæсгæ республикæйы ногæй кусын райдыдтой, пандемийæйы рæстæг цы сæрмагонд центртæ арæзт æрцыд, уыдон. Специалисттæ куыд фæбæрæг кодтой, афтæмæй амалхъом адæмы хъæуы сæ куыстуæтты уавæры бæрæггæнтæм æркæсын æмæ информаци  барвитын хъæлонты службæйы электрон почтæмæ. Базонæн æй ис службæйы официалон сайты.  Фембæлды рæстæг ма æрдзырдтой, ныридæгæн цы фарсхæсты гæнæнтæ конд æрцыд, уыдоны тыххæй дæр.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania