филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

00:16 воскресенье, 01 февраля 2026
06 октября 2022, 10:12
Чысыл амалхъомдзинады рæзты мадзæлттыл фембæлды æрныхас кодтой Дзанайты Барис æмæ Татьяна Илюшникова

Сæйраг фарста –  республикæйы чысыл æмæ астæуккаг амалхъом адæмы куыстытæ  фылдæр куыд архайой сæрмагонд проектты æмæ программæты

Чысыл æмæ астæуккаг амалхъомдзинады рæзты мадзæлттыл сæрмагонд фембæлды æрныхас кодтой Цæгат Ирыстоны хицауады сæрдар Дзанайты Барис æмæ УФ-йы экономикон рæзты министры хæдивæг Татьяна Илюшникова. Сæйраг фарста –  республикæйы чысыл æмæ астæуккаг амалхъом адæмы куыстытæ  фылдæр куыд архайой сæрмагонд проектты æмæ программæты. Уыцы хæс сæвæрдта Цæгат Ирыстоны сæргълæууæг Сергей Меняйло. Республикæйæн ахæм фадæтæ ис национ проект «Чысыл æмæ астæуккаг амалхъомдзинад»-мæ гæсгæ. Æмбырды ма ныхас цыд фæсарæйнаг товартæ нæ бæстæйы продукцийыл цæмæй фылдæр ивой, ууыл. Ныртæккæ Цæгат Ирыстоны æрыгон æмæ социалон амалхъом адæм исынц гранттæ, цæмæй сæ бизнес рæза, уый тыххæй. 13 гранты райсдзысты, 25 азы онг цы амалхъом адæмыл цæуы, уыдон. Татьяна Илюшникова куыд загъта, афтæмæй нæ регионы ис раппæлинаг хъуыддæгтæ, национ проекттæ æххæст кæнгæйæ. Дыккаг аз цæгатирыстойнаг центр «Мой бизнес» нæ бæстæйы субъектты хсæн йæ архайдæй бацахсы фыццаг бынат.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania