филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

23:12 вторник, 16 декабря 2025
06 февраля 2013, 17:23
Чысыл амалхъомдзинады райрæзты фæрцы Цæгат Ирыстоны фæзынд иу мин æмæ фондз сæдæ ног куысты бынатæй фылдæр

Уый тыххæй йæ пресс-конференцийы фехъусын кодта чысыл æмæ астæуккаг амалхъомдзинады рæзты республикон управленийы сæргълæууæг Цæбиты Тимур.

Чысыл амалхъомдзинады райрæзты фæрцы Цæгат Ирыстоны фæзынд иу мин æмæ фондз сæдæ ног куысты бынатæй фылдæр.

Уый тыххæй йæ пресс-конференцийы фехъусын кодта чысыл æмæ астæуккаг амалхъомдзинады рæзты республикон управленийы сæргълæууæг Цæбиты Тимур.

Куыд загъта, афтæмæй дыууæ мин дæсæм азы чысыл бизнесы рæзтæн радих кодтой сæдæ æстай милуан сомы бæрц субсидитæ. Дыууæ мин дыууадæсæм азы та схæццæ сты цыппар сæдæ милуан соммæ. Цæбиты Тимур радзырдта хъалонты бæрзонд аргъы æмæ пенсион фондмæ фиддонты тыххæй дæр. Паддзахадон æххуыс æнæзакъонæй райсынмæ чи хъавы, уыдонæн ахæм фадат нæ дæттынц. Ацы аз республикæйы арæзт æрцæудзæн бизнес-инкубатор. Æмæ дзы льготæтæм гæсгæ фидæны бизнесментæн лæвæрд цæудзысты офистæ æмæ æндæр бæстыхæйттæ. Пресс-конференцийы ма куыд загътой, афтæмæй Цæгат Ирыстон у фыццæгтæй иу, æрмдæсныйады куыст чи кæны, уыцы амалхъом адæмæн æххуысы программæ царды кæм уадзынц, ахæм.

темæмæ гæсгæ
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania