филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

08:34 суббота, 21 сентября 2024
15 ноября 2012, 15:28
Чысыл Богдан Стогниевы хъæуы немыцаг кардиоголты æххуыс

Сывæллон у уæззау рынчын – йæ зæрдæйæн æртæ клапæны бæсты ис дыууæ, йæ аортæ та у, куыд æмбæлы, уымæй нарæгдæр.

Богданæн ныридæгæн скодтой

Сывæллон у уæззау рынчын – йæ зæрдæйæн æртæ клапæны бæсты ис дыууæ, йæ аортæ та у, куыд æмбæлы, уымæй нарæгдæр.

Богданæн ныридæгæн скодтой 3 операцийы
Бакулевы номыл кардиологон центры, Мæскуыйы. Фыццаг хатт – сывæллоныл 7
боны куы цыд, уæд. Дыууæ хатты йын дохтыртæ операцитæ скодтой йæ къахы
артерийы уылты. Афтæмæй иу лæппуйы уавæр чысыл фæхуыздæр. Æртыккаг
операции та сывæллонæн скодтой йæ зæрдæйыл. Фæлæ йын уæрæсейаг дохтыртæн
кæнгæ клапæн сæвæрын сæ бон бауыдзæн 5 азы йыл куы сæххæст уа, уæд.
Богданæн йæ уавæр бонæй-бон æвзæрдæр кæны. Уымæ гæсгæ, бинонтæн сæ бон
уый бæрц рæстæг æнхъæлмæ кæсын нæу. Лæппуйы тынг хъыгдары йæ зæрдæ, æмæ
йын вæййы зын улæфæн. Богданæн баххуыс кæнынæй зæрдæ вæрынц Берлины
дохтыртæ, операцийæн хъæуы иу милуан сомы. Хъуамæ сæ арвитой иннæ мæй.
Фæлæ бинонтæ сæмбырд кодтой æхцайæн æрмæст се мбис. Немыцаг кардиологтæ
операци снысан кодтой 11-æм январмæ. Бирæ рæстæг æм нал ис. Уымæ гæсгæ,
чысыл Богданæн баххуыс кæнын кæй фæнды, уыдонæй бинонтæ уыдзысты бузныг.

темæмæ гæсгæ
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania