филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

21:48 воскресенье, 14 декабря 2025
30 января 2020, 17:20
Чысыл проект, фæлæ стыр æмæ хæлар зæрдæимæ конд

Æрыгон чызджытæ Хъуысаты Фатимæ æмæ Æгкацаты Тамарæ райдыдтой нырыккон модæмæ гæсгæ хызынтæ æмæ дзæкъултæ хуыйын

Чысыл проект, фæлæ стыр æмæ хæлар зæрдæимæ конд. Æрыгон чызджытæ Хъуысаты Фатимæ æмæ Æгкацаты Тамарæ райдыдтой нырыккон модæмæ гæсгæ хызынтæ æмæ дзæкъултæ хуыйын. Афтæмæй æххæст кæнынц социалон проект «Къаппа-Къуппа».

Æнæхъæн кæри карст хъуымæцтæ æмæ ног хуыйæн машинæ. Тебиаты Иринæ архайы спорты, ис æм æппæтуæрæсеон æмвæзады хæрзиуджытæ стъолыл теннисæй. Кусгæ та кæны диспетчерæй республикæйы æнæнхъæлæджы уавæрты министрады. Уыимæ ма у дыууæ сывæллоны мад дæр. Иринæ йæ царды бирæ алы хъуыддæгтæ фæлвары, ныр та ма йе ргом аздæхта хуыйынмæ.

Кæд дæ хорз кусын фæнды, уæд алцыдæр зæрдиагæй кæнын хъæуы, зæгъы сылгоймаг. Хуыйæджы дæсныйады бирæ фæзилæнтæ ис. Проект «Къаппа-къуппа»-йы размæ бацыд профессионалон курсытæм. Проекты автортæй иу Хъуысаты Фатимæ куыд зæгъы, афтæмæй йæ бафæндыд йæ рагон бæллиц сæххæст кæнын. Уымæй дарддæр ма чызджытæ сæхи дæнцæгæй равдыстой, хорз хъуыддæгтæ аразын æмæ цард хуыздæрырдæм ивын афтæ зын кæй нæу, уый.

Раздæр хуыйын чи нæ зыдта, ахæм адæмы арæх бафæнды сæхи бафæлварын. Се хсæн – йе нæниздзинад хъыгдард кæмæн у, уыдон, стæй пенсиисджытæ. Сæ фыццаг куыстытæ кæд иттæг хорз нæ рауайынц, уæддæр конд вæййынц зæрдиагæй. Æмæ уымæй вæййынц зынаргъ.

Проект æрхъуыды кодтой Æгкацаты Тамарæимæ. Продукци парахат кæнынц се мбæлтты шоу-румы, горæты бæстыхæйттæй иуы. Ам ма ис актуалон хызынтæ-шоппертæ, стæй ма, раздæр парахат чи уыди, ахæм дзæкъултæ. Чызджытæ æхсызгонæй кусынц социалон хызты. Нырыккон модæмæ гæсгæ хуыд хызынты къамтæ ис сæ официалон интернет-сыфы. Бирæты сæ фæнды æлхæнын. Уымæн æмæ сты æнцон дарæн, хæрзхъæд, стæй зынаргъ дæр не сты. Се ппæтыл дæр хуыд ис сæ логотип.

Проекты бирæ архайджытæ нæй – нырма уал æрмæстдæр 4 адæймаджы. Фæлæ сæ бафæзмын бирæты бафæндыд. Къаппа-къуппа, уырыссагау та «Одуванчик» у чысыл проект, фæлæ стыр æмæ хæлар зæрдæимæ.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania