05 декабря 2013, 11:03
«Дæ хъус æрдар, фистæгæйцæуæг», – ахæм нысанимæ рейд райдыдта Цæгат Ирыстоны
Пъæлицæйæгтæ сæ цæст дарынц фистæгæй цæуджытæм, цæмæй фæндаджы сæрты хизгæйæ æххæст кæной хуымæтæг домæнтæ æмæ сæхицæн стæй шофыртæн тæссаг уавæртæ ма аразой.
Пъæлицæйæгтæ сæ цæст дарынц фистæгæй цæуджытæм, цæмæй фæндаджы сæрты хизгæйæ æххæст кæной хуымæтæг домæнтæ æмæ сæхицæн стæй шофыртæн тæссаг уавæртæ ма аразой. Закъонхалджытæн инспектортæ сæ зæрдыл лæууын кæнынц фæндаджы сæрты хизыны домæнтæ æмæ сæ куырынц, цæмæй пайда кæной æрмæстдæр сæрмагонд бынæттæй. Уый хыгъд сæ цæст дарынц, «Зебра»-йы нысаны чи æрлæууы, уыцы адæймаджы шофыр ауадзы, æви нæ. Афæдзы ацы афон рейд хуымæтæджы нæ сарæзтой. Боныхъæды аххосæгтæм гæсгæ фæндагыл «зебрæ»-йы нысан нал фæзыны, æмæ тæссаг у фыдбылыз æрцæуынæй. Уымæ гæсгæ ацы нысан ауыгъд вæййы фæндаджы кæрон дæр. Ацы рейд цæудзæн 7-æм декабрьмæ, йæ домæнтæ йын чи хала, уыдоны та кæндзысты ивар. 11 мæймæ фистæгæйцæуджыты аххосæй æрцыд 170 фæндаггон фыдбылызы.

темæмæ гæсгæ