филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

03:34 суббота, 04 мая 2024
10 апреля 2013, 12:05
Дæргъæвсы æмæ Куырттаты кæмттыл цæудзæн фидæны этнотуристон комплексы маршрут

«Дæргъæвсы дæлвæз». Афтæ хуыйны фидæны этнотуристон комплекс. Йæ маршрут цæудзæн Дæргъæвсы æмæ Куырттаты кæмттыл. Туристтæн уыдзæн намысджын бынæтты историимæ базонгæ уæвыны фадат.

Дæргъæвсы æмæ Куырттаты кæмттыл цæудзæн фидæны этнотуристон комплексы маршрут
«Дæргъæвсы дæлвæз». Афтæ хуыйны фидæны этнотуристон комплекс. Йæ маршрут цæудзæн Дæргъæвсы æмæ Куырттаты кæмттыл. Туристтæн уыдзæн намысджын бынæтты историимæ базонгæ уæвыны фадат. Ныр та уал æххæстгонд цæуы проекты фыццаг къæпхæн. Дæргъæвсы, «Мæрдты горæт»-ы цур, фæзындзæн ирон хæдзар.

Дæргъæвсы комы этнотуристон комплекс арæзт кæй æрцæудзæн, уый Сасиаты Исламæн у æхсызгон хабар. Архитектурон-этнографион комплекс «Мæрдты горæт»-ы сæргълæууæг райгуырд æмæ схъомыл Дæргъæвсы. Куыд зæгъы, афтæмæй ацы цау ахсджиаг у бынæттон цæрджытæн дæр, æмæ туристтæн дæр.

Сасиаты Ислам, архитектурон-этнографион комплекс: «Мæрдты горæт»-ы сæргълæууæг: «Чиныджы дæр уый фæфыссынц æдзухдæр, цæмæй цы дарæс дардтой, уый феной. Уый кæй æрхъуыды кодтой, уый у тынг хорз. Хъæуы цæрджытæн дæр уыдзæн пайда. Иу цалдæрæн дзы уæддæр фæзындзæн куысты бынæттæ. Адæм уæддæр уындзыстæм, алы рæттæй нæм цæуынц».

Цæргæсты ахстон, Дзывгъис, туджджынты мæсыг. Этнографион комплекс «Дæргъæвсы дæлвæз»-ы маршрут ныридæгæн цæттæ у. Проектыл бакуыста этнографион туризмы æмæ традицион культурæйы центр «Фарн».

Этнотуристон маршруты дæргъ уыдзæн 110 километры. Хаудзæн æм 6 объекты. Уыдон сты историон комплекстæ æмæ æрдзон цыртдзæвæнтæ. Туристтæн сæ бон уыдзæн алкæцыйы раз дæр æрлæууын æмæ намысджын бынæтты историйымæ базонгæ уæвын.

Проекты фыццаг къæпхæн у – 19-æм æнусы ирон хæдзар саразын. Арæзтадон куыстытыл дзуапп дæттыны хъуыддаг йæхимæ райста Парламенты депутат Гуситы Игорь. Ныридæгæн бацæттæ кодта хæдзары рагагъоммæйы ныв. Ам алы туристæн дæр фадат уыдзæн ирон адæмы культурæ æмæ цардимæ базонгæ уæвынæн.

Дзебойты Регинæ, Горæтгæрон районы культурæйы управленийы хицау: «Уыдзæн дзы ирон фынг, авдæн, ирон хæдзары цы хæдзары дзауматæ вæййы, уыдæттæ. Цæмæй цы туристтæ æрбацæуой, уыдон бæлвырддæр базонгæ уой ирон адæмы культурæимæ. Канд туристты тыххæй арæзт нæ уыдзæн, фæлæ цæмæй нæ республикæйы цæрджытæ дæр хуыздæр зоной не зноны культурæ, уый тыххæй арæзт уыдзæн уыцы комплекс».

Сæрмагонд цæстдард цæудзæн, йе нæниздзинад хъыгдард кæмæн у, уыцы адæмæн æмбæлгæ фадæттæ саразынмæ. Проекты фыццаг къæпхæн царды рауадзынæн республикон бюджеты фидаргонд æрцыд 2 милуан сомы. Фæлæ уыцы фæрæзтæ чысыл сты. Уымæ гæсгæ комплексы арæзтады хъуыддагмæ йе вæрæн бахæссын у алкæйы бон дæр.

Хъайтмазты Дзерассæ

темæмæ гæсгæ
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania