01 июля 2014, 11:29
«Дæуæн Кавказ»- ахæм сæргондимæ Паддзахадон Университеты залы арæзт æрцыд Михаил Турецкийы зарæггæнджыты къорды концерт
Хорæн бындурæвæрд æрцыд 25 азы размæ. Уыцы рæстæгмæ зарыд дунейы бирæ зындгонд бынæтты. Йæ репертуары ис алы æвзæгтыл фыст 500 композицийæ фылдæр. Адæмы зæрдæмæ дæр
Хорæн бындурæвæрд æрцыд 25 азы размæ. Уыцы рæстæгмæ зарыд дунейы бирæ зындгонд бынæтты. Йæ репертуары ис алы æвзæгтыл фыст 500 композицийæ фылдæр. Адæмы зæрдæмæ дæр уымæй цæуынц, æмæ сæ репертуар вæййы раст арæзт. Концерты баиу вæйынц алыхуызон музыкалон композицитæ. Адæмæн лæвар кæнынц куыд классикон уацмыстæ, афтæ зындгонд эстрадон зарджытæ. Солисттæй алчи дæр йæ дæсныйад равдисы алыхуызон музыкалон жанрты.
Нæ республикæмæ семæ ссыд телеуынынады проект «Голос. Дети»-йы уæлахиздзау Рагда Ханиева. Дзæуджыхъæуы размæ къорд концерттæ радта Махачкалайы æмæ Магасы. Дарддæр абалц кæндзысты Налцыкмæ, стæй та Пятигорскмæ.
темæмæ гæсгæ




