филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

05:15 суббота, 28 сентября 2024
08 ноября 2019, 15:43
Дачнæйы хъæуы абон байгом кодтой ног рæвдауæндон 120 бынатæн

Проект царды рауагътой Уæрæсейы паддзахадон программæ «Ахуырады райрæзт» æххæст кæнгæйæ

Дачнæйы хъæуы абон байгом кодтой ног рæвдауæндон 120 бынатæн. Проект царды рауагътой Уæрæсейы паддзахадон программæ «Ахуырады райрæзт» æххæст кæнгæйæ. Фæрæзты фылдæр хай – 115 милуан сомæй фылдæр радих кодтой федералон бюджетæй. 8 милуан та ма бахаста республикæ. Ног рæвдауæндоны ис алцыдæр, цæмæй рæзгæ фæлтæр сæхи хорз æнкъарой, уый тыххæй. Нырыккон кусæнгæрзтæ, хъазæн æмæ ирхæфсæн фæзтæ. Сабитæ дæр уазджытæн бацæттæ кодтой ирд программæ. Сывæллæттимæ иумæ сырх лент алыг кодтой Цæгат Ирыстоны сæргълæууæг Битарты Вячеслав æмæ арæзтадон организацийы минæвар. Уый фæстæ се ппæтæн дæр ног ахуыргæнæндоныл скодтой экскурси. Зæгъдзыстæм ма уый дæр, æмæ Горæтгæрон районы фæстаг дыууæ азмæ байгом дыккаг рæвдауæндон. Афтæмæй районы 90% лыггонд æрцыд рæвдауæндæттæм рады лæууыны фарста.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania