Мадзал æрæмбырд кодта бæстæйы 40 регионæй минæвæртты, уыдонимæ Луганскы æмæ Донецкы адæмон республикæтæ дæр
Дæллаг Новгороды райдыдта V æппæтуæрæсеон форум «Дигория». Мадзал æрæмбырд кодта бæстæйы 40 регионæй минæвæртты, уыдонимæ Луганскы æмæ Донецкы адæмон республикæтæ дæр. Æрыгон политологтæ ам æрмæст ног зонындзинæдтæ нæ райсдзысты, фæлæ ма араздзысты профилон къабæзты ног проекттæ дæр. Се хсæн – «Бæстæ æмæ фæсивæд», «Социалон – политикон экспертизæ», «Ахуырад æмæ рухстауынад», «Медиа æмæ коммуникаци» æмæ «Политикон технологитæ». Форум аразджыты сæргълæууæг, платформа «Дигория»-йы разамонæг Хуыгаты Зауырбег куыд фæнысан кодта, афтæмæй ацы фæз йæ архайджытæн фадат дæтты сæхи базонын кæнынæн, стæй цæмæй сæ къухы бæрзонд æмвæзадыл æнтыстдзинæдтæ бафта, уый. Уæвгæ та ацы мадзал сæххæст кæнынæн Дæллаг Новгород хуымæтæджы нæ равзæрстой. Ацы аз нымад æрцыди Уæрæсейы фæсивæдон сæйраг горæтыл.




