филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

18:01 суббота, 31 января 2026
16 мая 2024, 11:42
Дæнцæгæн хæссинаг кафты ансамбль «Хæхты сывæллæттæ» радта хæрзаудæн концерт

Афтæмæй рахæцыдысты сæрмагонд æфсæддон операцийы зонæйы архайджыты фарс

Дæнцæгæн хæссинаг кафты ансамбль «Хæхты сывæллæттæ» радта хæрзаудæн концерт. Афтæмæй рахæцыдысты сæрмагонд æфсæддон операцийы зонæйы архайджыты фарс. Цы фæрæзтæ сæмбырд кодтой – 200 мин сомы, уыдонæй баххæст кодтой регионалон хыгъд, сæрмагонд проект «Адæмон фронт. Алцыдæр уæлахизæн». Уыцы æхцамæ ма хаст æрцыдысты 25 мин сомы, залы арендæйы фæрæзтæ. Ахæм уынаффæ рахаста Паддзахадон филармонийы разамынд. Концерт дæр уым арæзт æрцыд. Æппæт фæрæзтæй дæр æфсæддонтæн балхæндзысты техникон фæрæзтæ. Уый тыххæй фехъусын кодта Адæмон фронты регионалон хайады телеграм-канал.

 

 

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania