филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

16:27 понедельник, 15 декабря 2025
06 августа 2024, 12:09
Дæргъæвсы некрополь «Мæрдты Горæт» адæмæн сæхгæнын æви нæ?

Ацы фарстамæ æркастысты сæрмагонд æмбырды

Дæргъæвсы некрополь «Мæрдты Горæт» адæмæн сæхгæнын æви нæ? Ацы фарстамæ æркастысты сæрмагонд æмбырды. Архайдтой дзы Æхсæнадон змæлд «Иры Стыр Ныхас»-ы, пысылмæтты управленийы, республикæйы музейон æхсæнады минæвæрттæ. Фарста адæмы рагæй тыхсын кæны, бирæтæ сидынц, цæмæй некропольмæ бацæуæн æхгæд æрцæуа. Æмбырды архайджытæ загътой сæ хъуыдытæ бирæ азты риссаг фарста куыд алыг кæнын ис, уый фæдыл. Зæгъæм, туристты уадзын æрмæст бæлвырд къордты хыгъды комплексы кусæгимæ иумæ. Уыдис ма ахæм хъуыды дæр – дзæппæзты æппæт рудзгуытыл хъæдын æмбæрзæнтæ сæвæрын, бацæуæн ма сæхгæнгæйæ. Фембæлды архайджытæ куыд загътой, афтæмæй фарста ахсджиаг у, хъæуы йæм лæмбынæг æркæсын.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania