филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

09:36 четверг, 14 ноября 2024
06 ноября 2024, 14:47
Дæргъæвсы некрополы дзæппæзты дарддæр æвæрынц хъæдын рудзынгæмбæрзæнтæ

Фæстаг рæстæг вандализмы цаутæ сарæх сты

Дæргъæвсы некрополы дзæппæзты дарддæр æвæрынц хъæдын рудзынгæмбæрзæнтæ. Фæстаг рæстæг вандализмы цаутæ сарæх сты. Туристтæ арæх нæ фембарынц ацы бынаты нысаниуæг, æмæ йын зиан æрхæссынц. Цæмæй адæм дзæппæзтæм ма цæуой, уый тыххæй реставрацигæнæн компани «Скифос-РСК» национ музейы курдиатмæ гæсгæ æмæ культурон намысы объекттæ хъахъхъæныны комитеты разыйæ æххæст кæны хъахъхъæнæн мадзæлттæ. Уыдоны тыххæй бæлвырддæр радзурдзæн Хъайтмазты Дзерассæ.

Дæргъæвсы некрополы дзæппæзтæ уæлæмхасæнæй хъахъхъæд цæуынц. Ныр сæ мидфæлыстмæ бацæуæн уыдзæн æрмæст специалисттæн.  Туристты æмæ бынæттон цæрджыты фæндон мидæмæ бакæсынмæ хъуамæ ма хала архитектурон объекттæ хъахъхъæныны фæтк.

Цæгат Ирыстоны национ музейы директор Цуциты Аслан куыд радзырдта, афтæмæй ис сæрмагонд фæндтæ. Уыдон æххæстгонд куы æрцæуой, уæд республикæйы уазджытæн уыдзæн гæнæнтæ историон-культурон цыртдзæвæнимæ базонгæ уæвынæн. Некрополы территорийы ис музейон агъуыст. Цавæрдæр юридикон аххосæгтæм гæсгæ дзы нæ пайда кæнынц. Уыцы фарстатæ лыггонд куы рцæуой, уæд дзы сæвæрдзысты дзæппазы макет мидæгæй куыд конд у, уый – куыд цæстуынгæ æрмæг гидтæн æмæ цымыдисаг кæмæн у, уыдонæн.

Ивгъуыд æнусы 60-йæм азты Дæргъæвсы территорийы археологон къæхтытæ кодтой Владимир Кузнецов æмæ Тменаты Виталий. Сæ хыгъдлæвæрдты ис, дзæппæзты фыццаг хъæдын рудзынгæмбæрзæнтæ цавæр уыдысты, уый тыххæй информаци. Уымæ гæсгæ куыстой реставратортæ. Æнæ зæгæлтæй æмбырдгонд тæрсæй рудзынгæмбæрзæнтæ сæвæрдзысты некрополы æппæт дзæппæзты дæр.

Рудзынгæмбæрзæнтæ хъуамæ ма халой дзæппæзты вентиляци. Бæстыхæйтты фыццаг уыд уæлдæфы зилдухæн рацæуæнтæ.

Рудзынгæмбæрзæнтæ дарддæр æвæрдзысты, боныхъæды уавæртæм гæсгæ фадат куы уа, уæд. Афтæмæй дзæппæзтæ хъахъхъæд æрцæудзысты.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania