филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

05:33 пятница, 17 мая 2024
16 сентября 2021, 12:09
Дæргъæвсы зæппадзтæ бахъахъхъæнынæн æрхъуыды кодтой æмæ сарæзтой сæрмагонд фæрæз – хъæдын фæрсæг

Куы йæ сæвæрой, уæд национ музейы æмæ культурæйы бынтæ хъахъхъæныны комитеты специалисттæ бауынаффæ кæндзысты, дарддæр сæ куыд пайда кæндзысты, уый тыххæй

Дæргъæвсы зæппадзтæ бахъахъхъæнынæн æрхъуыды кодтой æмæ сарæзтой сæрмагонд фæрæз – хъæдын фæрсæг. Куы йæ сæвæрой, уæд национ музейы æмæ культурæйы бынтæ хъахъхъæныны комитеты специалисттæ бауынаффæ кæндзысты, дарддæр сæ куыд пайда кæндзысты, уый тыххæй. Национ музейы директор Цуциты Аслан куыд радзырдта, афтæмæй фæрсæг у арæзт сусхъæдæй. Æппæты фыццаг дзы бахъахъхъæндзысты, фæндагмæ æввахсдæр цы дыууадæс зæппадзы ис, уыдон. Фæрсæгтæ аразынц рагон хуызæгтæм гæсгæ. Алкæцыйыл дæр дзы бакусдзысты къухæй. Национ музейы зæрдæ дарынц, уыцы фæрæзтæ культурон объект фыдгæнджытæй кæй бахъахъхъæндзысты, ууыл. Чысыл раздæр та профилон министр Къубалты Эльбрус фехъусын кодта, Дæргъæвсы уæлмæрдты хъахъхъæнджыты нымæц кæй фæфылдæр кæндзысты, экскурситæ та дзы араздзысты, хи дарыны фæтк кæмæн бацамоной, уыцы туристтæн.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania