филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

11:59 суббота, 31 января 2026
13 января 2026, 10:37
Дæсныйад æрмæст куыст куы нæ вæййы, фæлæ царды нысан – афтæ зæгъæн ис Бетрозты Иринæйæ

48 азы ис медицинæйы

Дæсныйад æрмæст куыст куы нæ вæййы, фæлæ царды нысан. Афтæ зæгъæн ис Бетрозты Иринæйæ. 48 азы ис медицинæйы. Абон кусы Мацутæйы фельдшерон-акушерон пункты. Хæххон хъæуы цæрджытæн кæны зæрдиаг лæггад. Бæлвырддæр хабæрттæ радзурдзæн Хъайтмазты Дзерассæ.

Асфальт кæм фæвæййы æмæ хæхтæ арвмæ кæм хæццæ кæнынц, уым «тагъд æххуысы» бригады куыст адæмæн арæх вæййы иунæг гæнæн медицинон æххуыс райсынæн. Бетрозты Иринæ у фельдшер. Дæсныйады ис 48 азы. Куыста Æрæфы районы рынчындоны, фæлæ рæстæгимæ рæцыд фельдшерæй Мацутæмæ, алцыдæр кæцæй райдыдта, уырдæм. Хæххон хъæуы зын куысты уавæртæй нæ хъаст кæны.

Мацутæйы фельдшерон-акушерон пункты бындурыл кусы тагъд æххуысы 4 бригады. Лæггад кæнынц 2 комæн. Бонмæ дохтырты æххуыс бацагурынц 5-10 хатты, зæгъы Иринæ. Бынæттон цæрджыты се ппæты дæр зоны. Фæстаг азты ардæм фылдæр туристтæ цæуын райдыдта, уымæ гæсгæ фæфылдæр сты æвирхъау цаутæ дæр.

Бетрозты Иринæ стыр фæлтæрддзинадимæ иунæг дохтыр нæу. Ам фæллой кæнынц, медицинæйы дæсгай азтæ чи сты, ахæм адæм. Сæ хъæздыг фæлтæрддзинад хистæртæ хæццæ кæнынц ног фæлтæрмæ.

Тагъд æххуысы æмæ участокты кусæг службæтæ кæд алыхуызон сты, уæддæр ам архайынц иумæйагæй.

48 азы – хуымæтæг фæлтæрддзинад нæу, фæлæ царды нысан. Æмæ йæ Бетрозты Иринæ дарддæр æнтыстджынæй æххæст кæндзæн.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania