филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

11:58 суббота, 31 января 2026
18 декабря 2025, 09:56
Дæсныйадæвдисæг ахуыртæ журналисттæн арæзт æрцыдысты Цæгат Ирыстоны

Республикæйы дзыллон информацийы фæрæзты минæвæрттимæ аныхас кодтой агентад ТАСС-ы журналисттæ

Дæсныйадæвдисæг ахуыртæ журналисттæн арæзт æрцыдысты Цæгат Ирыстоны. Республикæйы дзыллон информацийы фæрæзты минæвæрттимæ аныхас кодтой агентад ТАСС-ы журналисттæ.  Медиапроекттæ социалон хызты размæ кæныны æмæ æрмæджытæ исыны тыххæй лекцитæ уыдысты диалогы хуызы. Архайджытæ лæвæрдтой фæрстытæ, дзырдтой сæ фæлтæрддзинады тыххæй æмæ æвзæрстой бæлвырд кейсытæ. Федералон агентады эксперттæ раргом кодтой сæ профессионалон сусæгдзинæдтæ, цавæр кусæн инструменттæй æмæ алгоритмтæй пайда кæнынц, регионалон редакцитæ арæхдæр цавæр рæдыдтытæ фæкæнынц, уый. Хицæн æргом аздæхтой, абон истори тагъд, бæлвырд æмæ ирдæй дзурын зонын ахсджиаг цæмæн у, уымæ. Архайджытæ куыд загътой, афтæмæй ахæм фембæлдтытæ пайдайаг сты æрмæст профессионалон æмвæзад бæрзонддæр кæнынæн нæ, фæлæ ма æрвылбоны куыстмæ ног хуызы æркæсынæн дæр. Дæсныйадæвдисæг ахуыртæ арæзт æрцыдысты ТАСС-ы æмæ Уæрæсейы экономикон райрæзты министрады проект «Это Кавказ» æххæстгæнгæйæ.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania