филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

05:06 понедельник, 01 июля 2024
15 августа 2014, 11:33
Дайраны комы арæзт æрцыдысты æфсæддон службæгæнджыты ахуыртæ

Æрхъуыдыгонд таурæгъмæ гæсгæ лæппуты ахуыр кодтой æцæг хæстон цауты архайыныл. Ацы полигон Уæрæсейы нымад у æфсæддон агурджыты цæттæгæнæн сæйраг центрыл.

73732
Æрхъуыдыгонд таурæгъмæ гæсгæ лæппуты ахуыр кодтой æцæг хæстон цауты архайыныл. Ацы полигон Уæрæсейы нымад у æфсæддон агурджыты цæттæгæнæн сæйраг центрыл.
Таурæгъмæ гæсгæ ныхмæлæуджыты ссарын æмæ сæ цыбыр рæстæгмæ ныппырх кæнын. Ахæм хæс æвæрд ис æфсæддон полигон «Дайран»-ы ахуырты архайджытыл. Ацы хатт дзы сæ фæлтæрддзинадыл кусынц сгарджыты хайады службæгæнджытæ. Хонынц сæ универсалон салдæттæ. Æмæ, æцæгæйдæр, дыууæ мæйы ахуырты фæстæ, сæ бон у цыфæнды хæс дæр сæххæст кæнын.
Гагиаты Вадим, взводы командæгæнæджы хæдивæг: «Нæ ныхмæлæуджытæ нæм хæстæг нæ уыдысты. Растдæр зæгъгæйæ та, тынг дард æмæ æнцон кусæн нæ уыд. Фæлæ ахуыртæ уымæн арæзт æрцыдысты цæмæй нæ бон уа алыхуызон уавæрты архайын. Куыд мæм кæсы, афтæмæй ацы хатт нæхи хорз равдыстам. Йер кусдзыстæм ууыл, цæмæй нæ бæрæггæнæнтæ уой ноджы хуыздæр».
Ацы лæппуты хæс та у – цæугæдоны сæрты ахизын. Фыццаг бакастæй дзы зынæй ницы ис. Фæлæ цæугæдон афтæ тагъд цæуы, æмæ дзы адæймагæн йæхи бауромын у тынг зын. Лæппутæ куыд зæгъынц, афтæмæй уымæн хъæуы сæрмагонд тактикæ.
Роман Сидоров, дæлхайады командæгæнæг: «Ацы фæлварæны нæ куыст аразæм афтæ: иу адæймаг æдасдзинады домæнтæ æххæст кæны, уыцы иу рæстæг иннæ адæймаг та хъилы `ххуысæй доны сæрты хизы. Домæнтæм гæсгæ хъил сæвæрæм доны сæрты æмæ ийыл иугай цæуæм. Ууылты доны иннæ фарсмæ бахæццæ кæнæм цæф кæнæ хъыгдард чи баййæфта, уыдоны дæр».
Физикон цæттæдзинадæй уæлдай ма æфсæддон службæгæнджыты ам ахуыр кæнынц моралон-психологон фæразондзинадыл. Специалисттæ куыд зæгъынц, афтæмæй службæгæнджытæ хъуамæ архайын зоной æцæг хæстон цауты рæстæг.
Денис Сергеев тактикон-социалон цæттæдзинады ахуыргæнæг: «Адæймаджы æрдз афтæ скодта æмæ æнæнхъæлæджы уавæрты куы бахауа уæд йæхи куыд дардзæн, уый зæгъын никæй бон у. Цы æмæ куыд кæндзæн, уый ничи зоны. Уымæ гæсгæ ахуырты рæстæг бæлвырд бакусæм адæмы алыхуызон уагимæ. Цæмæй бахъуаджы сахат алкæимæ дæр нæ бон уа иу ныхас ссарын æмæ йемæ кусын, баххуыс ын кæнын. Уыимæ куыд хицæн адæймæгтимæ, афтæ къордтимæ дæр».
Полигоны цæттæ кæнынц Уæрæсейы æппæт регионты сгарджыты. сæ фæлтæрддзинад æмæ арæхстдзинадыл кусынц афæдзы алы афонты, цыфæнды боныхъæды дæр. Зын уавæрты архайгæйæ æфсæддонтæ исынц хъæугæ фæлтæрддзинад.
Ахæм ахуыртæ арæзт фæцæуынц æрмæстдæр Цæгат Ирыстоны Дайраны комы. Уæрæсейы у иунæг хæххон полигон. Нымад у æфсæддон службæгæнджыты стыр центрыл. Цалдæр азмæ дзы сахуыр кодтой 10 мин специалистæй фылдæры.
Касаты Наира

темæмæ гæсгæ
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania