02 сентября 2014, 11:12
Дайраны комы фæндаг ногæй кусы йе рвылбоны фæткмæ гæсгæ
Сабаты æмæ хуыцаубоны куыста рæстæгмæйæ фæткмæ гæсгæ – райсомы 6 сахатæй 19 сахатмæ. Цæуыны бар дзы уыд æрмæстдæр автобустæн æмæ рог машинæтæн.
Знон 11 сахатыл домæнтæ аивтой æмæ ныр фæндаг æмæ контролон-уадзæн пункт кусынц суткæгай.
Дайраны комы фæндаг ногæй кусы йе рвылбоны фæткмæ гæсгæ. Сабаты æмæ хуыцаубоны куыста рæстæгмæйæ фæткмæ гæсгæ – райсомы 6 сахатæй 19 сахатмæ. Цæуыны бар дзы уыд æрмæстдæр автобустæн æмæ рог машинæтæн.
Знон 11 сахатыл домæнтæ аивтой æмæ ныр фæндаг æмæ контролон-уадзæн пункт кусынц суткæгай.
Уæ зæрдыл уын æрлæууын кæндзыстæм, бирæ рæстæг дзы тыхджын къæвдатæ кæй æрцыд, уый аххосæй Уæрæсейы-Гуырдзыстоны арæнтæм хæстæг 20-æм августы изæрæй рацыдысты ламидæттæ. Дуртæ æрæхгæдтой фæндаджы 2 км. Тъунелы 2 кусæджы ныронг сты æбæрæгæй сæфтыл нымад.
![Соц Сети Соц Сети](https://alaniatv.ru/wp-content/uploads/2019/01/Alania_TG_1140x151.gif)
темæмæ гæсгæ