филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

01:33 вторник, 16 декабря 2025
13 декабря 2012, 14:01
Дайраны комы цæуынц æфсæддон ахуыртæ

Сæ хæс у æрыгон салдæттæн æмæ афицертæн бацамонын хæхты хи куыд дарын хъæуы, къæдзæхтыл раст куыд цæуын хъæуы, уый.

Уымæй уæлдай ма хъуамæ базоной семæ сæ цы дзаумæттæ хæссын хъæуы, уый.

Сæ хæс у æрыгон салдæттæн æмæ афицертæн бацамонын хæхты хи куыд дарын хъæуы, къæдзæхтыл раст куыд цæуын хъæуы, уый.

Уымæй уæлдай ма хъуамæ базоной семæ сæ цы дзаумæттæ хæссын хъæуы, уый.

Дыууæ мæйы фæстæ æфсæддæонты бахъæудзæн 2
500 метры бæрзæнмæ схизын æмæ хъуамæ уой цæттæ. Ныртæккæ та уал
къæдзæхтыл сæ фыццаг фæлварæнтæ кæнынц ахуырадон полигоны. Сæ хъуыддаг
гыццыл фæкъуылымпы и, мит кæй рауадыд, уый тыххæй. Æрдзон уавæртæ куы
фæхуыздæр уой, уæд фæлварын райдайдзысты ног методтæ. Сгарæн къорды
уæнгтæ та митыл райдайдзысты сæ ахуыртæ. Се ппæты дæр бахъæудзæн
Арау-хохмæ схизын.

Ахуырты рæстæг ма салдæттæн амондзысты
хæххон цæугæдæтты сæрты куыд хизын хъæуы, хæххон уавæрты хæцæнгæрзтæй
куыд æхсын хъæуы, атакæтæ куыд аразын хъæуы, уыдон, стæй тактикон æмæ хи
æмбæхсыны мадзæлттæ.

Ахæм ахуыртæ арæзт цæуынц 12 азы. Уæдмæ бацæттæ кодтой 15 000 сгарæджы. Ссæуынц æм æфсæддонтæ Хуссар Федералон зылды районтæй.

темæмæ гæсгæ
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania