филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

01:30 суббота, 28 сентября 2024
19 октября 2021, 11:23
Дамбегты Кемейы фырт Слангерий æрæджыйы онг, нымад уыд æбæрæгæй сæфтыл

Хæзныдоны цæрæг Дамбегты Викторимæ фембæлд Сосранты Жаннæ æмæ йын ракодта сæ бирæ азты агурæн куысты кой

Фыдыбæстæйы Стыр хæсты рæстæджы хабæрттæн советон адæмы историйы ис стыр бынат. Фæшистты æрдонгтæ бирæ хъæутæ æмæ горæтты ныууагътой сæ фæд. Сæ иу Æрæфы районы Хæзныдоны хъæу. Знаг ардæм æрбахæццæ 1942-æм азы октябры мæйы.   Уæдмæ хъæуы баззадысты сылгоймæгтæ, сывæллæттæ æмæ хистæр кары адæм. Йæ сахъгуырдта ацыдысты сæ фыдыбæстæ бахъхъæнынмæ. Хъæгыгæн сæ фылдæр фæстæмæ нал æрбаздæгъд сæ фыды уæзæгмæ. Бирæты та кæм ныгæд сты, уый бæрæг дæр нæй. Дамбегты Кемейы фырт Слангерий дæр æрæджыйы онг, нымад уыд æбæрæгæй сæфтыл. Фæлæ йæ фæдонты  архайды фæрцы  сбæрæг и, кæм ныгæд ис, уый. Хæзныдоны цæрæг Дамбегты Викторимæ фембæлд Сосранты Жаннæ æмæ йын ракодта сæ бирæ азты агурæн куысты кой.

Фыдыбæстæйы Стыр хæст йæ фæд кæуыл ныууагъта, уыцы хъæутæй иу уыд Хæзныдон. Гыццыл хъæуы цæрджытæн стыр æмæ уæззау зындзинæдтæ æвзаргæ рауад. Сæ фæззыгон куæстытæ сын ферох кæнын кодта. Октябры мæйы 1942 — æм азы фашистты æрдонгтæ æрбахæццæ сты Æрæфы районмæ. Дамбегты Виктор ма уæд кæд сывæллон уыд, уæддæр хорз хъуыды кæны уыцы рæстæг.Фæшистты нæмгуыты тугуарæны фæстæ хæзныдойнæгтæй бирæтæ фесæвдысты. Уыцы цаутæ мысгæйæ Дамбегты Виктор ацы бон дæр бирæ хъуыддæгтыл дис кæны.Хæзнидоны ахæм бийнонтæ стæн у, Фыдыбæстæйы Стыр хæстмæ иу сахъгурд кæмæй нæ ацыд. Бирæты та сæ ниййарджытæ рафæндараст кодтонцæ Фыдыбæстæйы размæ сæ хæс радтынмæ Сырх Æфсадмæ. Фæлæ сæ уым службæ кæнгæйæ æрæййафта фыдæзнаджы ныхмæ тох.

Дамбегты Слангериимæ службæ кодта Ирыстони зындгонд фыссæг Хъазыбегты Хъазыбег, йæ поэмæйы куыд фыссы, уымæ гæсгæ Сталинграды тохы рæстæг Слангеримæ фæхицæн сты.
Фалæ Дамбегти Слангерий кæстæртæ уæдæй нырмæ агуырдтой сæ уарзон фыды æфсымæры фæд. Йæ бæрæггæнæнтæ йын базыдтой Подольскы архивты æнæраздæхгæ сæфтыты номхыгъды. Йæ ном фыст у Украинæйы Херсоны облæсты п.Сагийы æфсымæрон цыртдзæвæныл.

Дамбегты Кеме æмы Гуриаты фырттæ се вæрæн, уæлдай бынтæй кæй бахастой Уæлахизмæ, уый дызæрдыггаг нæу . Бинонты кæстæрты тырнындзинад сæ хистæры хæстон фæндæгтæ базонын æмæ сæ фидæ фæлтæртæм фæхæццæ кæнын та у бафæзминаг.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania