филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

15:09 суббота, 31 января 2026
29 июня 2021, 11:47
Дарчиты Розæ бирæуæладзыгон хæдзары кæрты сарызта цæхæрадон

Суанг ма йæм се ргом аздæхтой туристтæ дæр

Цæхæрадон саразæн ис горæты астæу дæр. Уымæн æвдисæн нæ дарддæры хъайтар. Дарчиты Розæ цæры бирæуæладзыгон хæдзары. Цæуы йыл 83 азы, æмæ йæ алы бон дæр райдайы зæххы куыстæй. Йæ архайды фæрцы Коцойты Арсены уынджы фæзынд æцæг фæлладуадзæн бынат. Суанг ма йæм се ргом аздæхтой туристтæ дæр.

Фысымуат «Дзæуджыхъæуы» раз сквер ныр бирæ рæстæг у базилинаг. Бынæттон цæрджытæ хъуыддаг райстой сæхи къухтæм. Ныссагътой дзы æхсынæн. Куы ракалынц, уæд ма дзы суанг туристтæ дæр сæ къамтæ фæисынц. Нас, картоф, æхсынæн… æппæт ацы зайæгойтæ скверы фæзындысты Дарчиты Розæйы къухвæллойы фæрцы. Цæуы йыл æстай æртæ азы. Фæлæ алы райсом дæр сылгоймагæн райдайы зæхкуыстæй. Уыцы куыст æнцон бауарзæн у, зæгъы пенсиисæг.

Коцойты Арсены уынджы æвдай фыццæгæм хæдзары кæрты фæзындысты æцæг хуымтæ. Дзедыр, мæймæбулкъ, хъæдур, натхор, джитри æмæ памидор. Алы дыргъыл дæр Розæ цин кæны зæрдиагæй.

Дарчиты Розæйы сыхæгтæ уыцы хъæппæрис хорзыл банымадтой, æмæ йын æххуыс кæнын райдыдтой. Иумæйаг хъарутæй дзы кæрты цæрджытæн фæзынди фæлладуадзæн зонæ. Фæлæ ууыл Розæ æрлæууынмæ нæ хъавы. Æрхъуыды кæны декорацийы хуызтæ, сахоры бандæттæ æмæ саив кæны клумбæтæ.

Ныр та цасдæр рæстæг  Розæ тох кæны хъæндилтимæ. Уымæн æмæ æфхæрынц зайæгойтæ. Фæлæ сыл ацæргæ ус æнæмæнг фæтых уыдзæн. Фарон дæр ын бантыст картофы голлаг æмæ рдæг æрзайын кæнын, æмæ дзы фæхай кодта алы сыхагæн дæр.

Уымæй дарддæр ма Дарчиты Розæ æрзайын кæны рæсугъд дидинджытæ.  Цин сыл кæны куыд йæхæдæг, афтæ ауылты алы цæуæг дæр.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania