филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

08:09 воскресенье, 01 февраля 2026
31 октября 2019, 17:05
Дарддæр бæрæггонд цæуынц Фыдыбæстæйы Стыр хæсты æдзард салдæтты нæмттæ

Фарныхъæуы, ахуыргæнджыты æххуысæй, арæзт æрцыд скъолайы кæрты фсымæрон ингæны ныгæд салдæтты номхыгъд.

Дарддæр бæрæггонд цæуынц Фыдыбæстæйы Стыр хæсты æдзард салдæтты нæмттæ. Фарныхъæуы, ахуыргæнджыты æххуысæй, арæзт æрцыд скъолайы кæрты фсымæрон ингæны ныгæд салдæтты номхыгъд. Архивы документтæм гæсгæ сæ нымæц у, ингæныл фыст чи у, уыдонæй фылдæр.

Фыдыбæстæйы Стыр хæсты цы взыгъд æмæ хъæбатырдзинад равдыста, уый тыххæй йæ схорзæхджын кодтой Ленины номыл орденæй. Хъуамæ ма йын саккаг кодтаиккой Советон Цæдисы хъæбатыры ном дæр… фæлæ, хъыгагæн, Тæтæры облæстæй рацæуæг хистæр лейтенант Валерий Яковлев йæ мæлæт ссардта, Ирыстоны зæххыл знагимæ цы карз æмæ лæгæвзарæн тохтæ цыд, уым. Дзæвгар рæстæг бинонтæ архайдтой исты хабар базоныныл. Фыстой Уæрæсейы алы архивтæм дæр… Æрæджы райстой дзуапп..Сæ хъæбатыр хæстон ныгæд æрцыд Фарныхъæуы фсымæрон ингæны.

1955-æм азы скъолайы кæрты арæзт æрцыд обелиск æфсымæрон ингæнæн. Ацы ран ныгæд æрцыдысты, иугай хæстонтæ цы ингæнты уыдысты, уыдон. Цыртдзæвæн арæзт æрцыд Сталины номыл колхозы кусджыты æххуысæй. Цыртдзæвæныл фыст уыдысты 14 хæстоны мыггаджы. Уыдон Райгуырæн бæстæйы сæраппонд сæ цард радтой 1942-æм азы ноябры.

Иу æмæ дыууæ фæлтæр нæ рацыдысты ацы скъолайæ. Алкæйы дæр сæ фæндыд базонын, чи ныгæд æрцыд ацы ран, уый. Уырыссаг æвзаг æмæ литературæйы ахуыргæнæджы уый сразæнгард кодта фылдæр базонынмæ, æмæ фæсивæды фæрстытæн дзуаппæтæ ссарынмæ.

Архивон документты бакæсæн уыд, цыртдзæвæныл цы нæмттæ æмæ мыггæгтæ уыд, уыдонæн сæ фылдæр кæй бацарæфтыдысты, уый. Уымæй уæлдай дзы бакæсæн уыд, тохы быдыры се сгуыхтдзинæдты тыххæй дæр.

Фыдыбæстæйы Стыр Хæстмæ Валерий Яковлев æрвыст æрцыд 1942-æм азы сентябры, 60-æм æхсæг бригадæмæ. Архайдта, Дзуарыхъæуы знагимæ цы тохтæ цыд, уым. Уыд бæрнон æмæ арæхстджын хæстон. Йæ фæрцы пырхгонд æрцыдысты знаджы 15 танчы, 130 машинæйы. Ацы ран Валерийæн æнустæм баззадысты йæ хæстон æмбæлттæй бирæтæ. Йæхиуыл дæр сæмбæлд знаджы нæмыг. Афтæмæй йæ цард аскъуыд…

Ацы хæстонты мыггæгты номхыгъд æрвыст æрцæудзæн 35 бинонтæм Уæрæсейы алы рæттæй.. Сæ нæмттæ та хъуама хаст æрцæуой Фыдыбæстæйы Стыр хæсты азфыстмæ.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania