филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

19:00 воскресенье, 14 декабря 2025
10 сентября 2019, 12:43
Дарддæр куыст цæуы Архонкæйы уылты фæндаджы уаццæджы цалцæгыл

Конд цæуынц национ проект «Æдас æмæ хæрзхъæд автомобилон фæндæгтæ» æмæ йæ бындурыл арæзт регионалон проект «Дорожная сеть»-мæ гæсгæ

Дарддæр куыст цæуы Архонкæйы уылты фæндаджы уаццæджы цалцæгыл. Конд цæуынц национ проект «Æдас æмæ хæрзхъæд автомобилон фæндæгтæ» æмæ йæ бындурыл арæзт регионалон проект «Дорожная сеть»-мæ гæсгæ. Цалцæджы рæстæг фæндаджы бындур ивд цæуы дыууæ километры хайыл. Уыимæ фидар кæнынц фæндаджы былгæрæттæ. Уæлдай цæстдард цæуы куыстыты хæрзхъæддзинадмæ алы æмвæзады дæр. Бадзырдмæ гæсгæ цалцæггæнæн куыстытæ хъуамæ конд фæуой 30-æм октябрьмæ, фæлæ специалисттæ архайынц цæмæй фæндаг байгом кæной æмгъуыдæй раздæр, ууыл. Объекты куыстытæн разамынд дæдты куыстуат «Главдорстрой»-йы сæйраг инженер Челдыты Сослан.

.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania