филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

10:58 воскресенье, 01 февраля 2026
16 октября 2019, 12:05
Дарддæр цæуы автомобилон фæндаг «Кавказ-Хурыхъæу-Малгобек-Мæздæджы» цалцæг

Ног цалцæггонд уаццаг у 58 км. Райдайы Зильгæйы æмæ фæвæййы Сухотскæйы хъæуы.

Дарддæр цæуы автомобилон фæндаг «Кавказ-Хурыхъæу-Малгобек-Мæздæджы» цалцæг.

Ног цалцæггонд уаццаг у 58 км. Райдайы Зильгæйы æмæ фæвæййы Сухотскæйы хъæуы. Уый у цыбырдæр фæндаг Дзæуджыхъæуæй Мæздæгмæ. Ацы бонты куыстытæ цæуынц фæндаджы хайыл. Раздæр дзы цы хид уыди, уый бæсты аразынц ног иуырдæм цæуæг фæндаг. Йæ дæргъ у 28 метры. Куыстытæ конд цæуынц æхсæвыгон дæр, уый тыххæй фæндагмæ уагъд æрцыд рухс. Фидæны трассæйы хъуамæ арæзт æрцæуа æртæ ног хиды, æмæ 34 дондзæуæн хæтæлы, уыдонæй 12 ныридæгæн æвæрд æрцыдысты. Цæттæгæнæн куыстытæн конд æрцыд се 70 проценты. 11 километры уаццагыл та калд æрцыдысты бæлæстæ. Сæйраг инженер Абдул Магдиевы ныхæстæм гæсгæ, регионалон ахадындзинад кæмæн ис, уыцы фæндаджы уæрх у 7 метры, йæ арæзтад хъуамæ фæуа 15-æм маймæ. Рацарæзты архайы 100 адæймагмæ хæстæг, стæй уæззау техникæйы 30 машинæйы. Арæзтадон æрмæджытæ ласынц Краснодары крайæ, Ростовы областæй, Дагестанæй. Змис, хуыр æмæ бетон та сты бынæттон куыстуæтты конд. Æрæзтадон æрмæджыты хæрзхъæддзинадмæ сæ цæст дарынц сæрмагонд лабораторийы специалисттæ. Кусджытæн сарæзтой хорз уавæртæ. Æххæст сты хæринагæй, æндæр рæттæй чи æрбацыд, уыдон та – цæрæнбынæттæй. Æртæ хидыл куыстытæ хъуамæ фæуой ацы аз. Трассæйы та транспорт цæуын райдайдзæн 2020-æм азы кæронмæ. Куыстытæм йæ цæст дары республикæйы фæндæгты хæдзарады комиетет.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania