филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

09:16 суббота, 28 сентября 2024
03 декабря 2021, 13:49
Дарддæр цæуы Фарныхъæуы уылты машинæты фæндаджы сæрты ци хид цæуы, уый арæзтад

Ног хидæн йæ дæргъ у 100 метры, раивдзæн фæндаджы ацы уаццагыл 60 азы цы аразгæ кусæнгæрзтæ уыди, уыдон

Дарддæр цæуы Фарныхъæуы уылты машинæты фæндаджы сæрты ци хид цæуы, уый арæзтад. Ног хидæн йæ дæргъ у 100 метры, раивдзæн фæндаджы ацы уаццагыл 60 азы цы аразгæ кусæнгæрзтæ уыди, уыдон. Аразджытæ ныффидар кодтой 5 цæджындзы, сæвæрдтой дзы, доны былгæрæттæ чи хъахъхъæндзæн, ахæм фæрæзтæ. Ныртæккæ «Дагспецстройсервис»-ы специалисттæ архайынц фидæны хиды уæлцъар раст кæныныл, кæнынц ын гидроизоляци. Хиды цур ныридæгæн арæзт сты, Терчы сæрты цы магистралон газы хæтæлтæ цæуы, уыдонæн цæджындзтæ. Уый размæ фидаргонд уыдысты зæронд хидмæ. Куыстытæм сæ цæст дарынц фæндæгты хæдзарады комитеты æмæ хæдбар лабораторийы специалисттæ.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania