Елхотæй Дзæуджыхъæумæ цы маршрутон такситæ цæуынц, уыдон сæ фæндаг акæнынц Æрыдоны уылты. Афтæмæй та сæрмагонд документтæм гæсгæ бæрæггонд маршрут у Елхот-Кæрдзын-Даргъ-Къох-Дзæуджыхъæу.
Даргъ-Къохы æмæ Кæрдзыны цæрджыты бирæ хъуыддæгты фæдыл цæуын фæхъæуы Елхотмæ – Кировы районы центрмæ. Уæдæ хъæуты ис студенттæ дæр, æмæ ахуыр кæнынмæ алы бон цæуынц Дзæуыджыхъæумæ. Ныр цалдæр азы ам æхсæнадон траспорты фарста у бæстон æркæсинаг. Даргъ-Къохы цæрджытæ сæ хъаст бахастой хъæуы депутаттæм.
Куыдзиаты Георгий, Даргъ-Къохы депутат: «Маршрутон такситæ сæ не вæрынц, уымæн æмæ цæуынц Æрыдоны фæндагыл Дзæуджыхъæумæ, Дзæуджыхъæуæй дæр Елхотмæ фæцæуынц Æрыдоныл æмæ мах адæм баззайынц фæндагыл лæугæйæ. Уæвгæ та хъуамæ цæуа Хъахъхъæдурыл æмæ кæрдзыны уылты, федералон фæндагыл. Æмæ адæм сты тынг тыхст. Елхотæй горæтмæ исынц 70 сомы. Елхотæй Дарг-Къохмæ ис 18 км, æмæ уым дæр уый бæрц исынц. Æмæ хъуамæ цас уа аргъ иу километрмæ гæсгæ, цы хъуамæ фидой шофырæн».
Ахæм уавæры сты Кæрдзыны цæрджытæ дæр. Сæ хъуыддæгты фæдыл сæ фæхъæуы арæх Елхотмæ цæуын æмæ сын ахæм фадат та нæй.
Моргуаты Зойæ, Кæрдзыны цæрæг: «Лæудзынæ-лæудзынæ, æмæ сахат, дыууæ сахаты, нæй транспорт, маршруткæтæ нæ лæууынц, сæ фылдæр цæуынц Æрыдоны фæзилæныл. Раздæр уыдис автобустæ, афойнадыл иу ссыдыстæм, æмæ иу нæ хабæрттæ бакодтамæ æмæ иу æй зыдтам, цафон рацæудзæн автобус уый, æмæ иу сбадтыстæм æмæ иу рацыдыстæм. Ныр та нæй. Елхотмæ ацу, æмæ изæрмæ уым баззайдзынæ. Маршруткæ дæ не вæры, кæнæ дын зæгхъдзæн, горæтмæ бафид æмæ дæ уæд æвæрын, кæнæ та горæтмæ дæр ма бафид, æвæргæ дæр дæ не скæндзынæн».
Æхсæнадон транспорт кæд æмæ адæмы æнцойдзинадыл хъуамæ архайа, уæд йæ нысан куыд æмбæлы афтæ не `ххæст кæны. Такси баххуырсын та бирæтæн сæ фадат нæ амоны.
Æрвылбон маршрутæй Дзæуджыхъæу-Елхот пайда кæнынц дæсгай адæмтæ. Бæлццæттæй иуæй-иутæ ацæуынц æрмæст Кæрдзынмæ, кæнæ Дарг-Къохмæ. Фæлæ уымæ гæсгæ, къаддæр фæндаккаг нæ бафидынц».
Ацы фарста зындгонд у Кировы районы хицауадæн дæр. Бынæттон администрацийы сæргълæууæг Батиаты Хъазыбег куыд зæгъы, афтæмæй сæрмагонд документтæм гæсгæ маршрут цæуы Елхотæй Дзæуджыхъæумæ Беслæны фæндагыл. Æмæ хъуыддагыл дæр хъуамæ афтæ уа. Фæлæ шофыртæ сæхи хъæппæрисæй уавæр аивтой æмæ сæ фæндаг акæнынц Æрыдоны уылты.
Батиаты Хъазыбег, Кировы районы бынæттон администрацийы сæргълæууæг: «Æз сæ æмбарын, аæдмы чи ласы уыдоны дæр, фæнды сæ фылдæр æхца бакусын, фæлæ махæн районы хицауадæн, фыццаг сты нæ цæрджыты фарстатæ æмæ уыдоныл мах тох кæндзыстæм».
Æрвылбон Даргъ-Къохы æмæ Кæрдзыны цæрджытæй æхсæнадон транспортæй пайда кæнынц сæдæ адæймагмæ `ввахс. Æмæ хъуамæ цы лæггад исынц, уый уа æмбæглæ уагыл. Хъуыддагыл та афтæ нæ рауайы. Республикæйы промышленнон æмæ транспортон политикæйы министрады куыд зæгъынц, афтæмæй ныртæккæ хъуыддыг банывыл кæныныл архайынц.
Бурдзиуты Валерий, РЦИ-Аланийы промышленнон æмæ тарнспортон политикæйы министры хæдивæг: «Дыууæ хайы сæ фæкæнæм нæ балццæттæ ласæн машинæтæ, ома дзы иутæ цæудзысты Беслæны хъæуыл, иннæтæ та Æрыдоныл. Æмæ ныртæккæ Æрыдоныл чи цæуы, уыцы адæм дæр бирæ сты, уымæн æмæ цыбырдæр у рæстæг 15 минуты къаддæр».
Æрыдоны уылты бирæтæ цæуынц, æмæ чи цæуы, уыдонæн нæй ахæм бартæ æмæ исты фыдбылыз куы æрцæуа, уæд уыцы маршрутыл чи цæуы, уыдоны тынг бафхæрдзысты. Уымæн æмæ сæ маршрут у Беслæныхъæуы уылты».8.31 Æмæ цалынмæ мах уыцы фарстатæ нæ алыг кæнæм, уæдмæ хъуамæ цæуой федералон трассæйыл».
Кировы районы маршрутон такситы шофырты архайд ныртæккæ цæудзæн бæрæггонд. Федералон антимонополон службæйы куыд зæгъынц, афтæмæй фæндаггаджы аргъ хъуамæ арæзт цæуа, адæймаг цал километры ацыд æхсæнадон транспорты, уымæй. Закъон чи халы, æмæ адæмæй фылдæр фæндаггаг чи домы, уыцы шофыртæ административон æгъдауæй цæудзысты æфхæрд.
Гугкаты Иринæ




