филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

01:20 воскресенье, 29 сентября 2024
16 марта 2020, 18:28
Дауны синдромæй рынчын сывæллæтты бонмæ Дзæуджыхъæуы уыд акци

Сфæлдыстадон лабораторийы бындурыл арæзт уыдысты дæсныйадæвдисæг ахуыртæ

Дауны синдромæй рынчын сывæллæтты бонмæ Дзæуджыхъæуы уыд акци. Сфæлдыстадон лабораторийы бындурыл арæзт уыдысты  дæсныйадæвдисæг ахуыртæ. Ахорæнтæ къухмæ райсгæйæ, сабитæ сæхи банкъардтой ацæг нывгæнджытæй. Сахуыр сæ кодтой пластилинæй архайын дæр. Акци арæзт уыд Эвелинæ Ушаридзейы хъæппæрисæй æмæ йæ хъуыдымæ гæсгæ ахуыртæ сывæллæттæн канд пайда не сты, фæлæ ма сæ рæстæг хъæлдзæгæй æрвитынц. Лабораторийы бындурыл акци арæзт у фыццаг хатт. Архайдтой дзы Дауны синдромимæ адæмæн æххуыс кæныны цæгатирыстойнаг  æхсæнадон организаци «Время перемен»-ы хъомылгæнинæгтæ.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania