филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

11:19 суббота, 28 сентября 2024
03 февраля 2021, 12:00
Дауыраты Зæлинæ аразы нæ фыдæлты æрмдæсныйады иу хай

Йæ армадзмæ абон бирæтæ цæуынц

Иу æлхынцæй – иннæмæ, иу тагæй – иннæмæ æмæ афтæ дарддæр. Алдымбыд, уафгæ быд, хæрдгæхуыд, алыхуызон æндæхтæй нывæфтыдтæ аразын у нæ фыдæлты æрмдæсныйады иу хай. Уыдон кæцыдæр рæстæджы ивгъуыды аззадысты, фæлæ разынд ахæм адæм, æмæ сæ чи сног кодта. Уыдонæй иу Дауыраты Зæлинæ. Йæ армадзмæ абон бирæтæ цæуынц. Иу дæсныйадæвдисæг ахуыртæн æвдисæн уыд не сфæлдыстадон къорд дæр.

Хохты Зæринæйы æмгæрттæ алдымбыды тыххæй хъусгæ дæр нæ фæкодтой. Чызг та дзы исы удынцойдзинад. 

Сусæгкаг нæу  цæмæй  ацы дæсныйæдæн йæ сокралон сусæгдзинæдтæ базона Залинæ, уый тыххæй йæ бахъуыд йæ ргом аздахын Кавказы адæмты сылгоймæгты ивгъуыдмæ. Уый та иу æмæ дыууæ боны хъуыдтаг нæ уыди.

Басонный плетени,кæй хонынц, уый базонын æмæ йыл сахуыркæныныл бахъуыд дзæвгар рæстæг, уымæн æмæ йæ уыцы рæстæгмæ  зыдтой æмæ дзы пайда кодтой карджын сылгоймйгтæй стæмтæ. Хуымæтæг быд нæу. Ис дзы бирæ лыстæг куыст æмæ сусæгдзинæдтæ. Стæй цы æрмæгæй архайгæ у, уый æнцон ссарын æмæ балхæнæн нау.

Нæ ирон традицион  адæмы  царды ахæм быдæй аивгонд дзаумæттæ уыдысты æмæ абон дæр сты тынг кадджын..

Уыдон сты хæдæттæн се гънæджытæ, чындзон дарæс, худтæ, куыд сылгоймаджы, афтæ нæлгоймаджы. Фæстаг рæстæг басонны плетени  фтауынц   алы хуызæн дзаумæттыл:  чыссæттæн сæ бостыл , сылгоймаджы фæлгонцы асдиаг бынат чи  ахсы, ахæм лыстæг дзаумæттыл.Уымæй уæлдай ма ацы быдæй бирæтæ саив кæнынц сæ агъуыстытæ.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania