филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

19:52 вторник, 26 мая 2026
26 июня 2024, 11:51
Даваторы номыл проспекты бираеуаеладзыгон хаедзары цаерджытае, бонаей-бонмае уды фидаерттае аевзарынц, аевадаты уаевгаейае

Хæдзары сæр тæдзы, къултæ хъуына, пъадвал донæй дзаг, уымæлы тæф, зæронд электрон тыхдæттæг телтæ æмæ коммуникацион системæ. Ахæм уавæрты цæрынц Доваторы проспекты 254-æм бирæфатерон хæдзары цæрджытæ. Архайдтой сæхи хъарутæй канализацион æмæ дондзæуæн системæтæ сног кæныныл, фæлæ уымæн рæстæджы цыдимæ гæнæн нал ис. 2018-æм азы хæдзар нымад æрцыди кæлæддзагыл. Уавæр йæ бæрны райста Слестгæнæн Комитет. Ведомствæ дзы аразы бæрæггæнæн мадзæлттæ, уыдоны хатдзæгтæм гæсгæ хъуыддаг йæхæдæг йæхи амондзæн. Касаты Наирæ радзурдзæн бæлвырддæр.

Адæймаг æмдзæрæнмæ хæццæ дæр нæма бавæййы, фæлæ дæрддзæфмæ дæр банкъары æнæзæрдæмæдзæугæ тæф. Йæ аххосаг пъадвал, растдæр зæгъгæйæ та дзы цы цад сæвзæрд, уый. Мидæмæ бацæуæн дзы нæй, дон-уæрагмæ, уыимæ, бырæттæ æмæ къогъотæ. Хæдзары цæрджытæ куыд зæгъынц, афтæмæй ахæм уавæры æрмæст къæвда бон нæ вæййынц. Аххоссæгтæй иу канализацион хæтæлты уавæр.

Чертхъоты Венерæ: «Донæй дзаг пъадвал хъуыддагæн у йе мбис. Цæрджытæ тыхсынц сæ фатерты уымæл къултæй. Цартæ, къултæ, пъолтæ алы агъуыстытæ дæр сты базгъæлыны ввонг».

Вот эти двери сами упали от того, что сырость, эта штукатурка вообще на меня упала. Свет вообще боимся включать, потому что замыкает. У нас был пожар один раз уже, на пятом этаже был, внизу подстанция у нас сгорела от сырости. Боимся, как на пороховой бочке мы.

Сабыр æмæ æнцонвадат цард куыд вæййы, уый амы цæрджытæ раджы ферох кодтой. Адæм сæхи хъарутæй архайынц уавæр сраст кæныныл, фæлæ уый къухы не фты, хæдзар сцалцæг кæнынæн нал бæззы. Сæ царды уавæртыл сын дзурын дæр нæ хъæуы. Уымæн æмæ сын æппындæр не сты. Хæдзар кæлæддзагыл банымадтой 2018-æм азы.Фæлæ йын цавæрдæр аххосæгтæм гæсгæ йæ цæрджыты æндæр рæттæм нæма раивтой. Хæдзары уавæр æцæгæйдæр у тынг уæззау, æрцыди къуырцдзæвæнмæ. Адæм цы кæной, уый нæ зонынц. Цæмæ дæр æнхъæлмæ кæсынц, фæлæ, цæмæ æмæ кæдмæ, уый сæхæдæг дæр нал æмбырынц.

Гæлиты Клим, РЦИ-А адæмон фронты регионалон æххæсткомы разамонæг: «Доваторы проспекты 254-æм хæдзары фарста йæ бæрны райста Уæрæсейы слестгæнæн комитеты слестгæнæн управлени. Ныртæккæ дзы цæуынц бæрæггæнæн мадзæлттæ. Хатдзæгтæм гæсгæ уавæрæн скæндзысты барадон аргъ, æмæ рахæсдзысты бæлвырд уынаффæ».

темæмæ гæсгæ
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania