Спортивон фæзæн аргъ скодтой кадджын уазджытæ дæр.
Ивгъуыд фæлладуадзæн бонты Ирыстоны спортивон цард зынгæ фæхъæздыгдæр. Дендропарчы байгом кодтой ног спортивон фæз, сæрмагондæй воркаутæн. Спортивон фæзæн аргъ скодтой кадджын уазджытæ дæр. Ног фæз сси стыр спортивон-рекреацион зонæйы иу хай. Хаст æм æрцыдысты сывæллæтты 4 городочы, се хсæн – йе нæниздзинад хъыгдард кæмæн у, ахæмтæн дæр. Æдæппæтæй проект царды рауадзыныл схардз кодтой 16 милуан сомы. Бæлвырддæр – Фидараты Маринæ.
Къухты хъару равдисын æмæ ныфсхаст уæвын. Ацы лæппутæ ерыс кæнынц æрдзон фæзындтытимæ. Воркаутæй трюктæ сын æнцонтæй рауайынц. Кæд æмæ ацы спорты хуыз Ирыстоны тынг парахат нæма у, уæддæр. Дендропарчы та сын фæзынд ног фæз сæ фæлтæрддзинадыл æфтауынæн. Нырæй фæстæмæ фадат уыдзæн нæ республикæйы воркаут-змæлды рæзтæн, æмæ алыхуызон чемпионаттæ аразынæн.
Ног спортивон фæз Цæгат Кавказы у æппæтæй стырдæр. Раздæр уыцы рекорд уыд Цæцæны республикæйы. Уый æмæ ма æндæр сыхаг республикæты минæвæрттæ зæрдиагæй архайдтой ирыстойнаг мадзалы. Сæ арæхстдзинад равдыстой Дагестаны, Кæсæг-Балхъары æмæ Стъараполы крайы спортсментæ.
Спортивон фæзæн аргъ скодтой кадджын уазджытæ дæр. Йæ байгом кæнынмæ ссыд Уæрæсейы Президенты æххæситбарджын минæвар Цæгат Кавказы федералон зылды Александр Матовников æмæ Цæгат Ирыстоны федералон инспектор Челæхсаты Владимир.
БитартыВячеслав се ппæты зæрдыл æрлæууын кодта, ахæм фæз саразыны фæндон уалдзæджы кæй фæзынд. Уæд æххæстбарджын минæвар фыццаг хатт бабæрæг кодта Дендрарий, æмæ загъта спортивон-рекреацион фæз дзы кæй нæ фаг кæны, уый. Проектыл бакуыстой, æмæ йæ сæххæст кодтой æнæбюджетон фæрæзтæй. Спонсортæ та сты коммерцион организацитæ æмæ меценаттæ. Республикæйы разамонæджы хъуыдымæ гæсгæ, хæстæгдæр рæстæг ма фæзындзæн цалдæр ахæм ног объекты.
Воркаутæй ног фæз федтой хицауады æмæ парламенты уæнгтæ, зындгонд спортсментæ æмæ олимпаг чемпионтæ. Спортивон скъолаты хъомылгæнинæгтæ та сын равдыстой бæрæгбоны программæ. Сырх лент алыг кодта Цæгат Ирыстоны воркауты змæлды разамонæг Хуыбаты Хъазыбег. Эдуард Королев та воркаутæй архайы 2 азы. Спортивон фæз фенынмæ æрбацыд Алагирæй.
Ацы фæз сси стыр спортивон-рекреацион зонæйы иу хай. Хаст æм æрцыдысты сывæллæтты 4 городочы, се хсæн – йе нæниздзинад хъыгдард кæмæн у, ахæмтæн дæр. Æдæппæтæй проект царды рауадзыныл схардз кодтой 16 милуан сомы.
