Цæгат Ирыстоны депутаттæ баххуыс кæндзысты Хъырымы цæрджытæн. Уый тыххæй абон Парламенты æмбырды раныхас кодта спикер Алексей Мачнев.
Депутаттæ рахæцыдысты Парламенты сæрдары хъæппæрисы фарс. Уымæй уæлдай ма депутаттæ æркастысты 30 фарстамæ. Хорзыл банымадтой куыстуæтты квотæты тыххæй законы проект. Уымæ гæсгæ организаци кæнæ куыстуаты 35 кусæгæй фылдæр куы уа, уæд хъуама куыстмæ исой æнахъом сывæллæтты æмæ инвалидты. Ныры онг ахæм фæткмæ гæсгæ куыстой, 50 адæймаджы кæм кусы, ахæм организацитæ.
Депутаттæ æрныхас кодтой Паддазахадон Думæйы депутатты хъæппæрисыл дæр. Мызд фидын фæнд кæнынц, цал сахаты бакуыстай, уымæ гæсгæ. Хъуамæ бæрæггонд æрцæуа бæрц, ныртæккæ нымад цæуы сахат- 100 сомы.
Депутаттæ ма ныхас кодтой Паддазахадон Думæйы æмæ Федерацийы Советы депутатты статусы тыххæй федералон закъонмæ ивддзинæдтыл.




