Нæ республикæйы дзы ныртæккæ ис 388 адæймаджы
Цæгат Ирыстоны Парламенты хæстæгдæр æмбырды депутаттæ æрныхас кæндзысты, Донбассæй æрлидзæг адæмæн лæвар юридикон æххуысы тыххæй закъоныл. Нæ республикæйы дзы ныртæккæ ис 388 адæймаджы. Се ппæты дæр сæ хъæуы юридикон æххуыс алывæрсыг фарстаты. Зæгъæм, гражданины статус райсыны, социалон фиддонтæ исыны æмæ бинонты хсæн хъуыддæгтæ лыг кæныны хъуыддаджы. Ныхас ма цыд æнахъом сывæллæттæн æххуыс кæныныл. Æмбырды æрдзурдзысты закъоны проектыл. Баст уыдзæн æдзард æфсæддонты сывæллæттимæ. Уыдонæн лæвар дæтдзысты балцæгтæ дзæбæхгæнæн лагерьтæм æмæ санаторитæм. Парламенты уæнгтæ ма рахæцыдысты федералон закъоны проекты фарс, инвалид сывæллæтты санатортæм æрвитыны æмæ сæ дзæбæх кæныны тыххæй. Закъонмæ ивддзинæдтæ хаст куы рцæуой, уæд, йæ атсæуыстæг хъыгдард кæмæн у, стæй астмæйæ рынчын сывæллæтты рвитдзысты санаторитæм. Разæдр сын ахæм фадат нæ уыди. Ныхас ма цыд, сывæллон хъомыл кæнынмæ чи райста, ахæм ныййарджытæн æххуысыл дæр. Республикон закъоны проектмæ гæсгæ, сын кæндзысты уæлæмхасæн фиддонтæ.




