Хæстæй чи нал сыздæхт, уыдоны ном æрхъуыды кæнынмæ æрбацыд сæдæгай адæм – ветерантæ, республикæйы разамынды, министрадты æмæ ведомствæты, æхсæнадон æмæ политикон организациты минæвæрттæ, студенттæ æмæ скъоладзаутæ
Магкæты Раисæ, Фыдыбæстæйы Стыр хæсты ветеран: «Фæсивæдæн мæ зæрдæ зæгъы уый, æмæ макуы ферох кæнæнт ацы бон, макуы йæ бамынæг кæнæнт, æнæниздзинад, амонд».
Белеккаты Рафаэль, РЦИ-Аланийы Хицауады сæрдары хæдивæг: «Ирыстоны, Уæрæсейы ацы бæрæгбон у каджын. Мæнæ нæ хистæртæ нæ разы сты. Хъуамæ сын кæддæриддæр сæрбынæй кувæм, абоны рæсугъд бон нын кæй балæвар кодтой. Мах дæр нæ бон цы у, уыцы хорздзинад куыд кæнæм, цæмæй сабырдзинад уа, уыцы арфæ кæнын æппæт Ирыстоны æмæ æппæт Уæрæсейы адæмæн дæр».
Кадджын уавæры дидинджытæ æвæрд æрцыди арæнтæ хъахъхъæныны цыртдзæвæны цур дæр. 42-æм азы ноябры фашисттæ урæд æрцыдысты ацы районы, хъавыдысты горæт бацахсынмæ, фæлæ сын нæ бантыст. Æфсæддон службæйы ветерантæ, Цæгат Ирыстоны Хицауады сæрдары хæдивæг Леонид Кесельбренер, 7-æм училищæйы ахуырдзаутæ æмæ æхсæнадон кусджытæ монументыл сæвæрдтой дидинджытæ æмæ веноктæ.




