филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

23:20 суббота, 28 сентября 2024
10 марта 2020, 13:04
Дидинджытæ – республикæйы Сæргълæууæджы номæй

Сылгоймæгты æппæтадæмон боны кадæн рæсугъд мадзал арæзт æрцыд Дзæуджыхъæуы æмæ республикæйы районты

Дидинджытæ – республикæйы Сæргълæууæджы номæй. Сылгоймæгты æппæтадæмон боны кадæн рæсугъд мадзал арæзт æрцыд Дзæуджыхъæуы æмæ республикæйы районты. Битарты Вячеславы номæй уынгтæм рацыдысты фæсивæд, æмæ байуæрстой мингай букеттæ. Сылгоймæгтæн тюльпантæ балæвар кодтой скъоладзауты Уæрæсейаг змæлды активон архайджытæ. Сæхæдæг куыд загътой, афтæмæй сын æхсызгон уыд ахæм акцийы архайын. Уымæн æмæ уæлдай æхсызгондæр у, сылгоймæгтæн дидинджытæ балæвар кæныны фæстæ сæ цæсгæмттæ куыд фæирддæр вæййынц, уымæ, æмæ сæ мидбылхудтмæ кæсын.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania