филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

04:35 воскресенье, 29 сентября 2024
11 сентября 2014, 10:57
Диг-банчы æхца кæмæн уыд, уыцы адæм знон изæрæй æрæмбырд сты Хицауады хæдзары цур, æмæ домдтой, цæмæй сын сæ уавæрмæ æркæсой бæрнон кусджытæ

Фæндыди сæ Цæгат Ирыстоны Сæргълæууæгимæ фембæлын. Адæмы бæстыхаймæ бахуыдтой, æмæ семæ аныхас кодта хицауады сæрдары хæдивæг Хадыхъаты Азæмæт.

74212
Фæндыди сæ Цæгат Ирыстоны Сæргълæууæгимæ фембæлын. Адæмы бæстыхаймæ бахуыдтой, æмæ семæ аныхас кодта хицауады сæрдары хæдивæг Хадыхъаты Азæмæт. Уый сын загъта, республикæйы хицауадæн йæ бон ацы хъуыддаджы баххуыс кæнын нæу. Адæмæн се хца фидыны хъуыддагæн дзуапп дæтты æхцатæ фæдзæхсыны агентад. Уый у хицæн федералон структурæ. Хъуамæ йæ адæм æмбарой. Уæ зæрдыл уын æрлæууын кæндзыстæм, Диг-банк банкротыл банымадта Цæгат Ирыстоны арбитражон тæрхондон. Ревизийы рæстæг рабæрæг, æхцайы æвæрæнты иу хай, официалон æгъдауæй финансон куыстуаты балансы кæй нæ уыд, уый. Уымæ гæсгæ фæдзæхст нæ уыдысты.
темæмæ гæсгæ
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania