15 июля 2014, 17:02
«Диг-банчы» разамындыл байгом кодтой уголовон хъуыддаг
Информацион агентадтæ куыд хъуысын кæнынц, афтæмæй слестгæнæн оргæнтæ æрцахстой банчы правленийы сæрдары Резо Гуджараидзеийы æмæ банчы директорты советы сæрдар Цæллагты Сергейы.
«Диг-банчы» разамындыл байгом кодтой уголовон хъуыддаг. Информацион агентадтæ куыд хъуысын кæнынц, афтæмæй слестгæнæн оргæнтæ æрцахстой банчы правленийы сæрдары Резо Гуджараидзеийы æмæ банчы директорты советы сæрдар Цæллагты Сергейы. Сæ дыууæйы дæр азымджын кæнынц адæмы хца кæй давтой æмæ банчы фтиæгтæ куыд нæ æмбæлы, афтæ кæй хардз кодтой, уымæй. Фæстаг цалдæр азмæ сæхи бакодтой, банчы йе хца чи сæвæрдта, уыцы 1 700 адæймаджы хца. Сты 870 милуан сомы. Уыимæ сæ банчы фонды гæххæттыты фысгæ дæр нæ ныккодтой.
Уый тыххæй информацион агентадтæн фехъусын кодта Мидхъуыддæгты министрады Цæгат Ирыстоны слестсгæнæн управленийы хицау Дмитрий Копанев.
Уыимæ телевизион уацхæсджытæн министры хæдивæг дзуапп нæ дæтты.
Слестгæнджытæ ма куыд зæгъынц, афтæмæй уголовон хъуыддаг байгом кодтой, «Диг-банчы» рæстæгмæйы хицауад сæм цы гæххæттытæ æрбарвыста, уыдонмæ гæсгæ.
темæмæ гæсгæ




