филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

02:03 воскресенье, 06 июля 2025
24 июня 2025, 10:34
Дигорайы æрымысыдысты Акъоты Артуры æмæ Икъаты Эльдары нæмттæ

Сæ уарзон 3-æм скъолайы сын байгом кодтой мемориалон фæйнæджытæ

Дигорайы æрымысыдысты Акъоты Артуры æмæ Икъаты Эльдары нæмттæ. Хъæбатырæй фæмардысты сæрмагонд æфсæддон операцийы зонæйы. Сæ уарзон 3-æм скъолайы сын байгом кодтой мемориалон фæйнæджытæ. Бæлвырддæр радзурдзæн Хъайтмазты Дзерассæ.

Уарзон фырт æмæ цардæмбал, хорз хæлар, æмæ йæ Фыдыбæстæйы стыр патриот. Ахæмæй Акъоты Артур баззайдзæн йæ хиуæтты æмæ хæстæджыты зæрдæты. Сæрмагонд операцимæ бахауд 2023-æм азы. Бафыста контракт æмæ фронтмæ ацыд бархионæй. 2025-æм азы йæ цард аскъуыд. Йæ фæстаг тох мысанæхсæн батальоны æфсæддон райста Донецкы облæсты. Йæ амæлæты фæстæ хорзæхджынгонд æрцыд Лæгдзинады орденæй. Хъæбатыр цы скъолайы ахуыр кодта, уым ын байгом кодтой мемориалон фæйнæг.

Ацы ныхæстæ зæгъæн ис Икъаты Эльдары тыххæй дæр. Нæ бæстæйы арæнтæ йæхиуыл нæ ауæрдгæйæ хахъхъæдта, 2023-æм азы æфсæддон хæс æххæстгæнгæйæ фæмард. Йæ ном у ныр Уæрæсейы историйы хай, цы сгуыхтдзинад равдыста, уый баззайдзæн адæмы зæрдæты, хуызистыты, æмдзæвгæты.

3-æм скъолайы рауагъдонтæн Акъоты Артурæн æмæ Икъаты Эльдарæн мемориалон фæйнæг байгом кæныны мадзалы архайдтой сæ хæстæджытæ æмæ хиуæттæ, хæстон хæлæрттæ, æмæ сæ чи зыдта, уыдон.

Мадзал арæзт æрцыд скъолайы. Ахуыргæнæндон бирæ фæлтæрты ахуырдзаутæн сси дыккаг хæдзар. Директор куыд загъта, афтæмæй мемориал суыдзæн, хъæбатырты сгуыхтдзинадæн арфæйы символ.

Артур æмæ Эльдар æппæт хъарутæй хæстæгдæр кодтой уæлахиз. Сабыр царды сæрвæлтау бафыстой стыр аргъ. Сæ нæмттæ æнустæм баззайдзысты историйы.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania