филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

09:54 воскресенье, 19 мая 2024
29 октября 2013, 11:14
Дигорайы арæзт æрцыд бынæттон администрацийы раздæры сæргълæууæг Бердиаты Солтаны номарæн турнир уæгъдибар хъæбысхæстæй

3-аг республикон турнир байгом кæныны кадджын мадзалы архайдта национ политикæйы æмæ фæсивæды хъуыддæгты парламентон комитеты сæрдар Тедеты Руслан. Уый раарфæ кодта турниры уæвджытæн æмæ Цæгат Ирыстоны Праламенты сæрдары номæй фæлтæрдджын тренер Тауытты Валерийæн радта арфæйы гæххæтт.

Дигорайы арæзт æрцыд бынæттон администрацийы раздæры сæргълæууæг Бердиаты Солтаны номарæн турнир уæгъдибар хъæбысхæстæй.

3-аг республикон турнир байгом кæныны кадджын мадзалы архайдта национ политикæйы æмæ фæсивæды хъуыддæгты парламентон комитеты сæрдар Тедеты Руслан. Уый раарфæ кодта турниры уæвджытæн æмæ Цæгат Ирыстоны Праламенты сæрдары номæй фæлтæрдджын тренер Тауытты Валерийæн радта арфæйы гæххæтт.

Ерыс кодтой, 16 азы онг кæуыл цæуы, ахæм 157 спортсмены. Афæдзæй-афæдзмæ турниры архайджытæ кæнынц фылдæрæй- фылдæр. Ацы хатт дзы не мзæххонтæй уæлдай сæ арæхстдзинад æвдыстой Хуссар Ирыстоны æмæ Кæсæг -Балхъары минæвæрттæ дæр.

Кæронбæттæны Бердиаты Солтаны бинонты номæй спортсментæ хорзæхгонд æрцыдысты кады гæххæттытæй, майдантæй æмæ æхцайы премитæй.

темæмæ гæсгæ
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania